Грозна
Сахар | |||||
Грозна | |||||
---|---|---|---|---|---|
цæц. Соьлжа-ГIала уырыс. Грозный | |||||
|
|||||
43°19′ с. ш. 45°42′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Цæцæн | ||||
Сахары зылд | Грозна | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1818 | ||||
Сахар кæдæй | 1869 | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↗331 402[1] адæймаджы (2023) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 8712 | ||||
Посты индекстæ | 364000-364099 | ||||
grozmer.ru | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Грозна (цæц. Соьлжа-ГIала: «Сунжæйы сахар», уырыс. Грозный) у Уæрæсейы сахар, Цæцæны Республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 291,7 мин адæймаджы (2017). Сахар лæууы цæугæдон Сунжæйы фæйнæфарс.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Сахар райрæзтис, йæ бынаты цы Грознайы фидар уыдис, уыцы ран. Фидарæн та йæ бындур æрæвæрдта инæлар Ермолов 1818-æм азы. Службæ дзы кодтой Лев Толстой æмæ Михаил Лермонтов. 1893-æм азы Грознайы цур райдыдтой нефт къахын, æмæ сахар сси ахсджиаг индустрион центр.
Цæцæны быцæуы рæстæг сахар стыр зиан баййæфта (1994, 1996 æмæ 1999 азты). Ныр та йæ ногæй рацаразынц.
2007-æм азы мартъийæ сахары администрацийы хицау у Муслим Хучиев, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæцæны хайады сæргълæууæг.
2008-æм азы октябры Грознайы байгом Европæйы стырдæр мæзджыт — «Цæцæны зæрдæ». Мæзджыт хæссы президент Ахмат Кадыровы ном. Мæзджыты аразынæн стыр æххуыс кодтой туркæгтæ: йæ къултæ сты туркаг мармæрæй æмбæрзт, мидæгæй дзы ис туркаг фирмæ «Устун Авизе»-йы конд 36 люстрæйы. Мæзджыт цы зæхх ахсы, уымæн йæ фæзуат у 14 гектары.
Æфсымæрон сахартæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ http://web.archive.org/web/20130801123356/http://www.grozmer.ru/doc/genplan.rar