Гамсун, Кнут
Кнут Гамсун | |
---|---|
норв. Knut Hamsun | |
Гуырæн ном | англ. Knut Pedersen Hamsun |
Райгуырды датæ | 1859-æм азы 4 августы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1952-æм азы 19 февралы[3][1][…] (92 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, поэт, романист, драматург, критик, фыссæг |
Сфæлдыстады азтæ | 1877 — 1949 |
Уацмысты æвзаг | норвегиаг[6] æмæ даниаг |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
hamsunsenteret.no/…(англ.) | |
Викикъæбицы медиа |
Кнут Гамсун (норв. Knut Hamsun; 1859—1952) у норвегиаг фыссæг; Нобелы премийы лауреат (1920 аз). Йæ æцæг ном — Кнуд Педерсен (норв. Knud Pedersen).
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Гамсун райгуырдис 1859-æм азы 4 августы. Уыди хъæууон хуыйæг Педер Педерсены цыппæрæм сывæллон. Бинонтæ цардысты мæгуырæй. Кнут фарастаздзыдæй куыста йæ фыдыфсымæры къанторы. Фæстæдæр райдыдтой йæ бæлццоны царды азтæ (1873-æм азæй). Хæтгæ царды рæстæг Гамсун раивта цалдæр куысты, иу заман та цасдæр рæстæг фæци Америчы. Фыссын Кнут райдыдта 17-аздзыдæй. Йæ фыццаг чиныг (Den Gaadefulde. En kjærlighedshistorie fra Nordland) рухс федта 1877-æм азы.
1888-æм азы Гамсун æрбынат кодта Копенгагены. 1890-æм азы мыхуыры рацыди, кад ын чи скодта, уыцы новаторон психологион роман «Стонгдзинад» (норв. Sult). 1890-æм æмæ 1900-æм азты Гамсун уыди дунейы тæккæ популярондæр модернист-фысджытæ æмæ драматургтæй иу. Уыди иттæг зындгонд, йæ уацмыстæ йын бирæ хæттыты кæм ратæлмац кодтой, уыцы Уæрæсейы дæр.
1898-æм азы Гамсун ракуыдрта Берглиот Бехы. Иумæ фæцардысты аст азы. 1909-æм азы фыссæг æрхаста ног ус — актрисæ Мари Андерсены. Смой кæныны фæстæ Мари ныууагъта йæ карьерæ æмæ царди Гамсунимæ йæ амæлæты онг.
1918-æм азы Гамсунтæ балхæдтой Нёрхольмы хæдзар, цыран фæцардысты сæ фæстаг бонтæм. 1920-æм азы Гамсуны схорзæхджын кодтой литературæйы Нобелы премийæ, «Сыджыты сой» (норв. Markens Grøde), зæгъгæ, уыцы бæстон романы тыххæй.
Германы Гитлер хицауиуæг йæ къухмæ куы райста, стæй фæстæдæр, Дыккаг дунеон хæсты рæстæг дæр æдзух немыцаг культурæ пропагандæ чи кодта æмæ англосаксаджы ныхмæ чи дзырдта, уыцы Гамсун æргомæй слæууыди нацисттæ æмæ Квислингы режимы фарс. Уый тыххæй йæ, хæст фæуыны фæстæ, радтой тæрхонмæ куыд гадзрахатæй рацæуæг, афтæ. Фыссæг хызт æрцыд ахастоны бамидæг кæнынæй, карджын кæй уыди, уый охыл, фæлæ уæддæр æй фæивар кодтой. Хæсты фæстæ Гамсун цасдæр рæстæг фæцарди зæрæдты хæдзары, 1950-æм азы та сыздæхти Нёрхольммæ.
Йæ фырт Арилд хæцыди бархионты 5-æм дивизи SS «Wiking»-ы (уырыс. 5-ая добровольческая дивизия SS «Wiking») рæнхъыты Скæсæны фронты.
Уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]Гамсун ныффыста романтæ (30-æй фылдæр), уацаутæ, пьесæтæ, радзырдтæ, публицистон чингуытæ, æмдзæвгæтæ.
- «Стонгдзинад» («Голод», 1890)
- «Мистеритæ» («Мистерии», 1892)
- «Редактор Люнге» («Редактор Люнге», 1892)
- «Ног æвзартæ» («Новые всходы», 1893)
- «Пан» («Пан», 1894)
- «Виктория» («Виктория», 1898)
- «Фæззыгон стъалыты бын» («Под осенними звёздами», 1906)
- «Бенони» («Бенони», 1908)
- «Сусæгæй цæгъдæг хæтæнхуаг» («Странник, играющий под сурдинку», 1909)
- «Æнусы хъæбултæ» («Дети века», 1913)
- «Сегельфоссы хъæу» («Местечко Сегельфосс», 1915)
- «Сыджыты сой» («Соки земли», 1917)
- «Цъайгæрон сылгоймæгтæ» («Женщины у колодца», 1920)
- «Фæстаг сæргонд» («Последняя глава», 1923)
- «Дзæгъæлдзæуджытæ» («Бродяги», 1927)
- «Майрæмты мæй» («Август», 1930)
- «Цард та цæуы» («А жизнь идёт», 1933)
- «Цæг æхгæд æрцæуы» («Кольцо замыкается», 1936)
- «Зайæгхалæй æмбæрзт къахвæндæгтыл» («По заросшим тропам», 1949)
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Knut Hamsun // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Knut Hamsun // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
- ↑ 3,0 3,1 Гамсун Кнут // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ 4,0 4,1 Knut Hamsun (бук.) — Norsk biografisk leksikon. — ISSN 2464-1502
- ↑ LIBRIS — Национальная библиотека Швеции, 2013.
- ↑ CONOR.Sl