Вахушти Багратиони
Вахушти Багратиони | |
---|---|
гуырдз. ვახუშტი ბაგრატიონი | |
Райгуырды датæ | 1696 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1757 |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | географи, истори æмæ картографи[d] |
Викикъæбицы медиа |
Вахушти Багратиони (гуырдз. ვახუშტი ბატონიშვილი (ბაგრატიონი); райгуырдис 1696-æм азы Тбилисы — амардис 1757-æм азы Мæскуыйы) уыдис Гуырдзыстоны паддзахы фырт, историк æмæ географ.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Рагбонтæ
[ивын | Бындур ивын]У Вахтанг VI-æмы фæрссаг фырт. Схъомыл Гуыдзыстоны паддзахы æгъдауыл фырттимæ æмæ династийы уæнджы бартæй пайда кодта. 1717-æм азæй 1724-æм азы онг Гуырдзыстоны архайдта политикон царды. 1722-æм азы августы-ноябры, йæ фыд æмæ йе ’фсымæр се ’фсадимæ Гандзайы Уæрæсейы император Пётрмæ куы æнхъæлмæ кастысты, уæд уый уыдис Картлийы паддзахады разамонæг. 1724-æм азы нысæнгонд æрцыдис Дæллаг Картлийы æфсæдты сæйраг командæгæнæгæй.
Уæрæсейы
[ивын | Бындур ивын]1724-æм азы йæ фыд, йæ бинонтæ æмæ йæ галуаны адæймæгты къордимæ (90 адæймаджы) афтыдис Уæрæсемæ æмæ æрцардис Мæскуыйы. Уым цæргæйæ, фæгæрз ис йæ зонадон архайдыл æмæ йæ фыды хъæппæрисæй æрлæууыдис рауагъдадон хъуыддаджы сæргъы.
Уый у гуырдзиаг феодалон историографийы стырдæр минæвар. Йæ 1745-æм азы фæуд сæйраг куыст «Картлис цховреба» (Гуырдзыстоны цард) сси гуырдзыйы ивгъуыды критикон иртасынады фыццаг фæлтæрæн. Ацы куыстæн ис дыууæ хайы: историон æмæ историон-географион. Гуырдзыстоны истори æмæ географийы тыххæй бирæ æргъаг хабæрттæ фыст кæм ис, уыцы текстмæ æфтыд уыдис хронологион æмæ генеалогион таблицæтæ, стæй, иттæг дæсны конд чи уыдис, ахæм картæтæ. «Картлис цховреба»-йы сæйраг политикон идейæ — Гуырдзыстоны дихтæдзинадыл фæуæлахиз æмæ иухицауады сарæзт — феодалон уавæрты уый уыдис прогрессивон идейæ.
Вахуштийы куыстытæ (фыццаджыдæр историон географийы номссард йæ архайды хай) бирæ хæттыты мыхуыргонд цыдысты гуырдзиаг æмæ æндæр æвзæгтыл.
Вахушти ныгæд у Донской моладзандоны. Йæ ном хæссы Гуырдзыстоны зонæдты академийы Географийы институт.
Йæ бинонтæ
[ивын | Бындур ивын]Вахуштийы ус уыдис ерыстауы чызг Мариам Абашидзе. Уыдис сын дæс сывæллоны. Йæ хистæр фырт — Иоанне (амардис 1781-æм азы) уыдис инæлар æмæ Сыгъдæг Гиоргийы VI-æм къæпхæны ордены кавалер (бадзырд № 302 1778-æм азы 26 ноябры).
Йæ уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]- Вахушти Багратиони. История царства Грузинского / Перевод, предисловие, словарь и указатель: Н. Т. Накашидзе. — Тб.: Мецниереба, 1976. — 340 с. — (Памятники грузинской исторической литературы). — 5500 экз.
- Вахушти, царевич. География Грузии. / Введение, перевод и примечания М. Г. Джанашвили // Записки Кавказского отдела ИРГО. — Тф., 1904. — Кн. XXIV, вып. 5.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Маруашвили Л. И. Вахушти Багратиони, его предшественники и современники. Географические труды и путешествия. — М.: Госгеографиздат, 1956. — 136 с.
- Маруашвили Л. И. Вахушти Багратиони — основоположник географического изучения Грузии. — Тбилиси, 1956.
- Векуа И. Н. Академия Наук СССР и развитие грузинской науки. — Тбилиси, 1974.
- Густерин П. Российская империя и Кавказ. — Саарбрюккен: LAP LAMBERT Academic Publishing, 2014. — 64 с. — ISBN 978-3-659-15032-6.
- 1696-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Тбилисы чи райгуырдис, уыдон
- 1757-æм азы чи амардис, уыдон
- Мæскуыйы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ахуыргæндтæ алфавитмæ гæсгæ
- Историктæ алфавитмæ гæсгæ
- Гуырдзыстоны историктæ
- XVIII æнусы историктæ
- Географтæ алфавитмæ гæсгæ
- Гуырдзыстоны географтæ
- XVIII æнусы географтæ
- Гуырдзыстоны зындгонд адæм
- Багратионтæ