Перейти к содержанию

Ерыстау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ерыстау (гуырдз. ერისთავი «адæмы сæрдар») у гуырдзиаг феодалон титул, ерыстаутæ уыдысты провинциты æлдариуæггæнджытæ æмæ хæстон тырысаты хъахъхъæнджытæ. Рæстæг куы цыдис, гуырдзиаг ерыстаутæй бирæтæ сæ бæрнон бынаты титул скодтой сæ мыггаджы ном, суанг ма уыдонæй иуæй-иутæ хæдбар æлдариуæггæнджытæ систы.

Уыцы титулæй равзæрдысты фондз мыггаджы нæмттæ, кæцытæ XIX æнусы уæрæсейаг хицауадæй уыдысты фидаргонд куыд кънйазтæ. Уырыссагау се ’ппæт дæр уыдысты Эристовы, фæлæ сæ равзæрдæй хицæн кæнынц: Арагуийы ерыстаутæ, Чысаны ерыстаутæ, Рацъы ерыстаутæ, Гурийы ерыстаутæ æмæ Имереты ерыстаутæ.