Барад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Барад у æхсæнадон ахастыты регулятортæй иу.

Нырыккон дуджы дунейы ахуыргæндтæ нæма ссартой барады универсалон бæрæггæнæн. Зæгъæм, Стыр советон энциклопедимæ гæсгæ барад у паддзахадæй сфидаргонд иумæйаг æнæмæнг æххæстгæнинаг фæткойты æмдзыгуыр, кæдоны æххæстгонд паддзахад гаранти кæны.

Миниуджытæ[ивын | Бындур ивын]

Барады миниуджытæ сты:

  • Уагæвæрддзинад, ома барады нормæтæ хъуамæ уой æмхуызон конд, иу паддзахады оргæнæй цæуой.
  • Иумæйаг æнæмæнгдзинад, ома алчидæр хъуамæ фæткойтæ æххæст кæна.
  • Объективон характер
  • Формалон бæлвырддзинад
  • Паддзахад æххæстдзинад гаранти кæны
  • Бирæхаттон спайдакæныны фадат

Барады равзæрæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Барады равзæрæн у барады нормæйы фидар кæныны амал.
Барады равзæрæнты æхсæн сбæрæг кæнæн ис:

Барады системæ[ивын | Бындур ивын]

Барады системæ у къабæзтæ, институттæ æмæ нормæты æмдзыгуыр.

Барады къабаз[ивын | Бындур ивын]

Къабаз у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты иугъæдон æхсæнадон ахастытæн.

Барады къабæзтæ[ивын | Бындур ивын]

Барады къабæзтæ сты:

Барады институт[ивын | Бындур ивын]

Барадон институт у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты æхсанадон ахастыты хицæн къордæн.

Барады институттæ[ивын | Бындур ивын]

Барады институттæ сты, зæгъæм:

  • сæрмæмулкы барады институт
  • адæймаджы барадты институт

Барады нормæ[ивын | Бындур ивын]

Барады нормæ у ахасты уагæвæрд, кæцы уаг дæтты конкретон æхсæнадон ахастытæн.

Барадон системæ[ивын | Бындур ивын]

Барадон системæ у барады системæ, барады культурæ æмæ барады реализацийы æмдзыгуырон бастдинад.
Дунейы зындгонд сты барадон системæты мыггæгтæ:

Барады зонæдтæ[ивын | Бындур ивын]

Барады зонæдтæ сты æхсæнадон зонæдты къорд, кæдон иртасынц барад æмæ барадон фæзындтæ.