Æрыдоны семинар
Æрыдоны семинар (уырыс. Ардонская духовная семинария, официалон ном уырыс. Александровская миссионерская духовная семинария) байгом ис 1887-æм азы Гуырдзыстоны экзарх Павелы бардзырдмæ гæсгæ куыд дины училище. Уымæн радих кодтой хуыздæр зæххы хай. 1895-æм азы Уæрæсейы Сенаты бардзырдмæ гæсгæ йæ бындурыл арæзт æрцыдмс Дины миссионерон семинар. Уый хъуамæ райдыдтаид цæттæ кæнын, чырыстон дин ирæтты ’хсæн парахат чи кодтаид, ахæм ахуыргæнджыты.
Уыцы рæстæджы Ирыстоны уымæй уæлдæр, кадджындæр скъола нæ уыд. Семинары ахуыр кодтой Епхиты Тæтæри, Коцойты Арсен, Барахъты Гино, Малиты Геуæрги, Дзанайты Иван (Нигер) æмæ ирон интеллигенцийы æндæр бирæ хуыздæр минæвæрттæ[1].
1918-æм азы семинары мидæг байгом ис адæмон гимназ. Йæ фыццаг директор уыд Цогойты Алихан. 1957-æм азæй семинары æртæуæладзыгон хæдзары уыдис скъола-интернат. Абон йæ хуыздæр рæстæджытæ не ’рвиты, йæ бæстыхай капиталон æгъдауæй у цалцæггæнинаг[1].
2006-æм азы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы уынаффæмæ гæсгæ кæддæры семинары хæдзар радтой растуырнæг еклезийы Стъараполы-Дзæуджыхъæуы епархимæ; интернатæн та аразынц ног бæстыхай Æрыдоны; скъоладзаутæ та æндæр скъолайы ахуыр кæнынц «дыккаг сменæйы», фæссихор.
Ректортæ
[ивын | Бындур ивын]- архимандрит Иоанн (Алексеев) (1887—1899)
- архимандрит Андроник (Никольский) (1899 — 1900)
- архимандрит Димитрий (Абашидзе) (1900 — 1902)
- архимандрит Сергий (Титов) (1902 — 1903)
- архимандрит Никодим (Кротков) (1903 — 1905)
- архимандрит Григорий (Вахнин) (1905 — 1905)
- архимандрит Арсений (Смоленец) (1905 — 1907)
- протоиерей Николай Диковский (1907 — 1909)
- архимандрит Иерофей (Померанцев) (1909 — 1911)
- архимандрит Пимен (Белоликов) (1911 — 1912)
- архимандрит Феодорит (Новиков) (1912 — 1918)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Илаты Таймураз. Æхсызгон мын вæййы йæ уынд // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь