Telegram

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Telegram
Программæйы логотип Telegram
Скриншот программы Telegram
Тип клиент системы мгновенного обмена сообщениями[d], мобильное приложение[d], сайт[d], дотком[d], веб-приложение[d] æмæ интернет-сообщество[d]
Автор Николай Валерьевич Дуров[d] æмæ Павел Дуров[d]
Аразæг Telegram FZ-LLC[d]
Фыст æрцыд C++[d] æмæ Java[d]
Интерфейс Qt[d]
Операцион системæ iOS[d], Android, Windows[d], Chrome OS[d], macOS[d] æмæ Линукс
Интерфейсы æвзæгтæ англисаг, испайнаг, немыцаг, нидерландаг, италиаг, бразилиаг португайлаг[d], корейаг, уырыссаг, францаг, украинаг, каталайнаг[5], белоруссаг, польшæйаг, малайаг æвзаг[d], туркаг, персайнаг, узбекаг, араббаг, индонезиаг æвзаг[d], Иврит æмæ Хинди
Фыццаг рауагъд 2013-æм азы 14 августы
Аппараты платформæ Android, iOS[d], x86-64[d] æмæ ARM[d]
Фæстаг верси
Читаемые форматы файлов Telegram Desktop Data File (gen)[d]
Создаваемые форматы файлов Telegram Desktop Data File (gen)[d]
Лицензи GNU GPL 3[d], проприетарная лицензия[d] æмæ GNU GPL[d]
Сайт telegram.org(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Telegram у кросс-платформон мигъон мессенджер, кæцыйы ис гæнæн видеойæ дзурын[6]. Афтæ ма у VoIP сервис. Сæрæй скуыста 14 августы 2013 азы Уæрæсейы, ныртæккæ та кусы Дубайы.[7][8][9] Официалон Телеграмы клиентон æфтуантæ сты арæзт Android, iOS, Windows, macOS æмæ GNU/Linux-æн, раздæр ма уыд арæзт Windows Phone-æн дæр. Ноджы ма ис официалон веб-интерфейс æмæ бирæ æндæр æнæофициалон клиенттæ. Официалон æфтуантæ сты гом кодимæ.

Телеграмы фæрцы ис гæнæн цæртхуынкъæй шифргонд дзырд кæнын[10] æмæ ма дзы ис ахæм хуызы шифргонд "сусæг" чаттæ, кæдон фæрцы ис гæнæн дыууæ адæймагæн æнæтасæй фыссын кæрæдзимæ смартфоны уылтыл. Мигъон чаттæ та сты клиент/серверон архитектурамæ гæсгæ арæзт. Адæмæн сæ бон у текст æмæ хъæлæсон фыстæгтæ кæрæдзимæ фыссын, анимацон стикертæ æрвитын, видеойæ бадзурын, æрвитын æгæрон нымæц файлтæ(2 гб-æй фылдæр хъуамæ ма уа файл), æрвитын бынат, контакттæ æмæ музыкæ. Апрелы 2020 азы Телеграмы уыд 400 милуан активон архайæджы.[11][12]

Истори[ивын | Бындур ивын]

Арæзт[ивын | Бындур ивын]

Телеграм скуыста 2013 Николай æмæ Павел Дуровы фæрцы. Уый размæ, дыууæ æфсымæры сарæзтой уæрæсейаг социалон хыз VK, кæцы фæстæд балхæдта Mail.ru Group.[13][14] Николай Дуров сарæзта MTProto протокол, кæцы у мессенджеры бындур. Павел та финансон фæрæзтæй баххуыс кодта. Компани æм æфтуан райдыдтой кусын Уæрæсейы 2013 азы æмæ фæстæдæр ацыдысты Германмæ.[15][16] Телеграмы къухдариуæгад банысан кодтой, зæгъгæ, æхца кусын никуы уыд сæ сæйраг хъуыды

Архайджыты нымæц[ивын | Бындур ивын]

 

Миниуджытæ[ивын | Бындур ивын]

Нырыккон[ивын | Бындур ивын]

Алы 15 минуты, иу сахат æви 8 сахат, Телеграмы архайджытæн сæ бон у сæ нырыккон бынат уынын кæной чаты. Ацы функци скуысты 4.4 версийы рацыды фæстæ Октябры 2017 азы.[17] Кæд цалдæ адæймаджы уынын кæнынц сæ нырыккон бынат, уæд æвдыст цæуынц интерактивон картæйыл. 'Нырыккон бынаты' æвдисыны хъуыддаг д cбон у кæдф нды дæр æрлæуын кæный.

Архитектурæ[ивын | Бындур ивын]

Шифрты схемæ[ивын | Бындур ивын]

MTProto протоклы схемæ.

Телеграм пайда кæны симметрикон шифрты схемæйæ, кæцы хуыйны MTProto. Протокол арæзт æрцыд Николай Дуровы æмæ иннæ Телеграмы инженерты фæрцы. Йæ бындур у 256-битон симметрикон AES шифрæй, 2048-битон RSA шифрæй æмæ Diffie–Hellman дæгъæлы ивдæй.[18]

Сервертæ[ивын | Бындур ивын]

Telegram Messenger LLP-æн ис сервертæ цалдæр бæстæйы æнæхъæн дунейы, уый арæзт æрцыд барæй, цæмæй фæхуыздæр уа сервисы дзуаппы рæстæг.[19] Телеграмы серверон код у æхгæд æмæ проприетарон.[20] Павел Дуров загъта, ома, дам архитектурайы хъæуыдзæн бындурон ивындзинæдтæ, цæмæй хæдбар сервертæн сæ бон уа баиу кæнын Телеграмы мигъмæ[21].

Адæм, кæдон срегистраци кодтой European Economic Area (EEA) æви Стыр Британийæ, сты General Data Protection Regulations (GDPR)-ы бын. Уый тыххæй иууылдæр бæрæггæнæнтæ сты Нидерландты, æмæ сæ сæйраг компани та у нымад Лондоны регистрацигонд[22][23][24].

Ахаст[ивын | Бындур ивын]

Бæрæггæнæнтæ уæй кæныны бот[ивын | Бындур ивын]

"Electronic Democracy"-ы сæрдар Володимир Флец Зæрдæвæрæны мæйы 11-æм боны 2020 азы фехъусын кодта, зæгъгæ, Телеграм бот фæзынд Интернеты, кæцы уæй кæны Украинæйы цæрджыты персоналон ифнормаци. Банымадтой, зæгъгæ, 26 милуан цæрæджы бæрæггæнæнтæ дзы ис. Иууылдæр сты Diia æфтуаны регистрацигонд адæм..Фæлæ фæстæдæр премьер-министры хæдивæг æмæ Нымæцон Трансофрмацийы Министрады сæрдар куыд загъта, афтæмæй уыцы ныхæстæ гæды разындысты. Криминалон архайды 25 адæймаг уыд æмæ 30 базæйы къопи ссардтой.

Криптовалютæтимæ архайд[ивын | Бындур ивын]

Телеграмæй пайда кодтой криптовалютатимæ архайдæн.[25]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. https://t.me/WebK_en/12 — 2023.
  2. Telegram for macOS
  3. Telegram MessengerApp Store.
  4. TelegramGoogle Play.
  5. https://www.elnacional.cat/es/tecnologia/telegram-catalan_333537_102.html
  6. Video Calls and Seven Years of Telegram. Датæ: 2020-æм азы 15 августы.
  7. Russia's Zuckerberg launches Telegram, a new instant messenger service. Фæстаг фенд 2020-11-08.
  8. Meet Telegram, A Secure Messaging App From The Founders Of VK, Russia's Largest Social Network – TechCrunch. Датæ: 2020-æм азы 8 ноябры.
  9. 'Nobody can block it': how the Telegram app fuels global protest. Датæ: 2020-æм азы 7 ноябры.
  10. FAQ for the Technically Inclined. Датæ: 2017-æм азы 1 октябры.
  11. Telegram hits 400M monthly active users(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 3 ноябры. Архив 2020-æм азы 17 июлы.
  12. 400 Million Users, 20,000 Stickers, Quizzes 2.0 and €400K for Creators of Educational Tests. Датæ: 2020-æм азы 30 октябры.
  13. Hakim, Danny. Once Celebrated in Russia, the Programmer Pavel Durov Chooses Exile, 2 December 2014.
  14. Shu, Catherine Meet Telegram, A Secure Messaging App From The Founders Of VK, Russia’s Largest Social Network.(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  15. Pavel Durov.
  16. Russia's Zuckerberg launches Telegram, a new instant messenger service.
  17. Live Locations, Media Player and Languages. Датæ: 2018-æм азы 5 мартъийы.
  18. FAQ for the Technically Inclined. Датæ: 2016-æм азы 9 январы.
  19. Telegram, el chat que compite con Whatsapp. Датæ: 2016-æм азы 8 январы.
  20. Telegram FAQ. Датæ: 2020-æм азы 30 октябры.
  21. Pavel Durov, creador de Telegram: "Ninguna aplicación es 100% segura". Датæ: 2014-æм азы 12 февралы.
  22. GDPR vs US Discovery: US Court Makes Clear Non-US Entities Can't Avoid Discovery. Linklaters LLP. Law Business Research.
  23. Telegram Privacy Policy - Storing Data. Telegram.
  24. Telegram Privacy Policy - EEA Representative. Telegram.
  25. The Anatomy of a Cryptocurrency Pump-and-Dump Scheme.