98-æм азы фæлтæр
Внешний вид
98-æм азы фæлтæр (исп. Generación del 98), зæгъгæ, афтæ схуындæуыдис, Испанийы империйы бастъæлд сæ зæрдæмæ арф чи райста æмæ се ’нкъарæнтæ се сфæлдыстады чи равдыста, уыцы испайнаг фысджытæ æмæ философты къорд. Империйы ныккалды аххосæгтæй иу уыдис уый, æмæ АИШ-имæ хæсты Испани кæй фембылды ис. Уыцы цауы фæстиуæгæн 1898-æм азы Испанийæ рахицæн сты Кубæ, Пуэрто-Рико æмæ Филиппинтæ, мидбæсты та сæвзæрдис тарф æхсæнадон, моралон æмæ политикон кризис.
98-æм азы фæлтæры минæвæртты фылдæр хай райгуырдысты 1864 æмæ 1875 азты ’хсæн.
Ацы ном æрхъуыды кодта Асорин.
98-æм азы фæлтæры минæвæрттæ
[ивын | Бындур ивын]98-æм азы фæлтæры минæвæрттыл нымад чи уыдис, уыдонæй тæккæ зындгонддæр фысджытæ æмæ литератортæ сты:
- Мигель Асин Паласиос (1871—1944) — филолог-араббист,
- Асорин,
- Пио Бароха,
- Хасинто Бенавенте,
- Висенте Бласко Ибаньес,
- Анхель Ганивет,
- Рамон Мария дель Валье-Инклан,
- Антонио Мачадо,
- Мануэль Мачадо,
- Рамиро де Маэсту (1875—1936) — политикон публицист,
- Габриэль Миро (1879—1930) — прозаик-фыссæг,
- Рамон Менендес Пидаль (1869—1968) — культурæ æмæ дзырдаивады историк,
- Мигель де Унамуно,
- Хуан Рамон Хименес.