Перейти к содержанию

Этимологи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Этимологи (рагон грекъаг дзырдтæй ὁ ἔτυμος «дзырды æцæг нысаниуæг» æмæ -λογια «зонад») у, дзырдтæ æмæ морфемæты равзæрд чи иртасы, æвзагзонынады уыцы къабаз. Хицæн дзырдæн йæ равзæрды гипотезæ дæр арæх хонынц «этимологи» — зæгъæм, «уыцы дзырдæн грекъаг этимологи и», «ирайнаг бындурыл уыцы дзырдæн этимологи ссарæн нæй» æмæ афтæ дарддæр.

Алы æвзагæн дæр йæ дзырдтæ ныддихкæнæн и цалдæр къордыл:

  • сæрысуангон дзырдтæ,
  • æвзаджы дзырдарæзты фæрæзтæй конд дзырдтæ,
  • æрбайсгæ дзырдтæ,
  • æрымыст дзырдтæ,
  • æвзаджы рæдыдтыты фæстиуæгæн чи фæзындысты, ахæм дзырдтæ.

Иу æвзагæй иннæ æвзагмæ дзырдтæ æрбайсынц сæ сывæлдæгмæ гæсгæ — æппæты æнцондæр у терминтæ æрбайсын. Стæмхатт æрбайсынц нымæцонтæ, хæстагдзинады терминтæ, буары хæйтты нæмттæ, æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ.

Ирон æвзаджы стырдæр этимологион дзырдуат сарæзта Абайты Васо[1].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]