Эрикссон, Лейф

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Эриксон, Лейф-æй æрвыст)
Лейф Эрикссон
раг.-сканд. Leifr heppni Eiríksson
Райгуырды датæ 970
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1020
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз бæлццон-иртасæг, денджыздзау
Фыд Сырхсæр Эрик[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Лейф Эрикссон Амондджын (исл. Leifur Eiriksson; иу-970 — иу-1020) — скандинаваг денджызы цæуæг, кæцы фæзынд Цæгат Америкæйы иу-500 азы Колумбæй раздæр. Исландийы армдарæг æмæ йæ саргъауæг. Гренландийы байгомгæнæг викинг Сырхсæр Эричы фырт æмæ Торвалд Асвалдсоны фыртыфырт. Лейфы бæлцытæ сты зындгонд ахæм манускриптты фæрцы, куыд «Сырхсæр Эричы сагæ», «Гренландæгты сагæ». Се ’цæгдзинад уыди археологон байгомтæй бæлвырдгонд, зæгъæм, Кенсингтойнаг рунæдур.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Лейф Эрикссон райгуырд Исландийы, Сырхсæр Эричы хæдзары, кæцыйы рарвыстой Норвегийæ æгас мыггагимæ. 982 азы Эрикы бинонтæ фæлыгъдысы Исландийæ дæр, сæхи тудджынтæй хизгæйæ. Лейф йæ фыды бинонтимæ æрбынат кодта Гренландийы ног колониты. Лейфæн ма уыди дыууæ æфсымæры, Торвалд æмæ Торстейн, æмæ хо Фрейдис. Ракуырдта Торгуннайы æмæ цын уыди иу лæппу — Торкелл Лейфссон.

Йæ Америкæмæ балцы размæ скодта уæййагон экспедици Норвегимæ. Ам Лейф саргъуыйын кодта йæхи Олаф Трюгвассонæн, Норвегийы паддзахæн æмæ киеваг къниаз Владимиры ивгъуыд хъан. Олафы фæзмынгæ, Лейф æрласта чырыстон алчеры Гренландимæ æмæ йæ саргъуыдта. Йæ мад æмæ бирæ гренландæгтæ райстой чырыстон дин, фæлæ йæ фыд, Сырхсæр Эрик, баззад фыдæлты диныл хæцтæй. Фæстæмæдзæугæйæ Лейф аирвæзын кодта науыхæлд иййæфт, исландаг Ториры, æмæ йæ уый фæстæ схуыттой «Амондджын Лейф».

Куы æрхæццæ ис, уæд Гренландийы сæмбæлди норвегиаг Бйарни Херйолфссоныл, кæцы йын радзырдта, кæй федта ныгуылæны дард денджызы мидæг зæххы кæронхæххытæ.

Иу-1000-æм азы Лейс Эрикссон къордимæ 35 лæгæй, аленк кодта науыл, кæцы балхæдта Бйарнийæ. Гом дзы æрцыдысты америкæйæг донгæрæтты æртæ регионы: Хеллуланд (æвæццæгæн, Баффины Сакъадах), Маркланд (хъуыдытæм гæсгæ — æрдæгсакъадах Лабрадор) æмæ Винланд, сæнæфсир дзы парахатæй кæй зади, уый тыххæй (æвæццæгæн Ньюфаундленды былгæрæттæ уыдысты, нырыккон бынат Л’Анс-о-Медоузы цур). Уым ма скодтой цалдæр хъæууаты, кæдоны æрзымæг кодтой.

Куы та æрцыдис Гренландимæ, Лейф радта йæ нау йе ’фсымæр Торвалдмæ. Уый йыл йæ бæсты хъуамæ ацыдаит Винланд иртасынмæ. Фæлæ йе экспедици æнæнтыстад баййæфта: скандинавтæ сæмбæлдысты «скрелингтимæ» — цæгатамерикон знæмтимæ æмæ семæ тохы Торвалд фæмард.

Исландаг таурæгътæм гæсгæ, Эрик æмæ Лейф куырмдзыд нæ кодтой балцы, фæлæ-иу бындурæвæрдæй ахæм æвдисæнты ныхæстыл, куыд Бйарни, кæцы федта æбæрæг зæххытæ горизонтыл. Уымæ гæсгæ, Америкæ 1000 азæй раздæр дæр уыдаит гом, фæлæ йæм æрмæст Лейф скодта æххæстаргъ экспедици Винланды донгæрæтты, радта йын ном, æрхызти йæ былтæм æмæ ма йæ колонизацикæнынмæ дæр хъавыди. Лейф æмæ й’ адæмы ныхæстæй, кæдон сты бындурон скандинавæг сагæтæн Сырхсæр Эрик æмæ гренландæгтыл, уыдысты нывгонд Винланды фыццаг картæтæ.