Перейти к содержанию

Энарейтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Худы хай Карагодеуашхы обауæй[1]

Энарейтæ (рагон грекъ. ἐναρής) сты скифаг андрогинон уæныкæсджытæ. Баст уыдысты Артимпасæйы культимæ[1]. Энарейтæ уыдысты æхсызгон политикон бынаты æмæ скифаг дзыллæйы тынг цыт сын уыди, уымæн æмæ сæрмагонд курдиат Артимпасæйæ райстой, афтæ нымæд цыдысты[2]. Энарейтæ дардтой сылон дарæстæ, æххæст кодтой сылон фæтк æмæ дзырдтой сылгоймаджы хуызон[1][2].

Скифаг дин афтаудта шаманизм æмæ дæсныфæрсын, табу кодтой æрдз æмæ зæдтæн, аргъуантæ сын нæ уыди.

Энарейтæ архайд фæткон скифаг дæсныфæрсджытæй хицæн уыди.[3]

Скифаг шаманизм уыдысты ритуалтæ, кæцытæ йæхимæ æфтаудта религиозон экстазмæ бацыд гæнæйы аххуысимæ. Ныры дуджы иртасджытæ дзурынц, цыма энарейтæ, æвæццæгæн, аххæст кодтой фæткытæ шаманты хуызæн иннæ културты[1][2].

Геродот æмбарын кæны сæ сылæгæс хуыз, сæ хабарæй, цыма скифтæ, кæцытæ бастигътой Афродитæ Уранияйы аргъуан Акселоны æмæ сæ цæуæг фæлтæртæ сæйгæ кæндзысты "сылы низæй".[4]

Сексад[ивын | Бындур ивын]

Ритуалон бардыст кодтой кӕннод хуымӕтӕджы хиуыл кодтой ӕрдон бастӕй, уи бӕрӕг нӕу. Псевдо-Гиппократты фысджытӕ ӕнхъӕлынц цыма энарейтӕ хъазтой пассивон рол хордзон сексы нӕлгоймаджимӕ.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Randy P. Conner, David Hatfield Sparks, Mariya Sparks. Cassell's Encyclopedia of Queer Myth, Symbol, and Spirit: Gay, Lesbian, Bisexual, and Transgender Lore. — Cassell, 1997. — 408 с. — ISBN 978-0-304-33760-6.
  2. 2,0 2,1 2,2 Neal Ascherson. Black Sea. — New York: Hill and Wang, 1995. — ISBN 978-0-8090-3043-9, 978-0-8090-1593-1, 978-0-09-959371-3.
  3. Herodotus, The Histories, Book 4, chapter 67. www.perseus.tufts.edu. Датæ: 2021-æм азы 20 сентябры. Архив 2021-æм азы 28 октябры.
  4. Herodotus, The Histories, Book 1, chapter 105, section 4. www.perseus.tufts.edu. Датæ: 2021-æм азы 20 сентябры. Архив 2021-æм азы 20 октябры.