Перейти к содержанию

Экономикæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Экономика-æй æрвыст)

Экономикæ (гр. οίκοςνομος — дзырдæй-дзырдмæ «хæдзары зылды дæсниад») — ис ын цалдæр нысаниуæгы:

  • Экономикæ — зонад, кæцы ахуыр кæны спайда кæнын алыхуызон гæрæнгонд ресурстæй, адæмы хъæуындзинад æмæ ахаст хицæн адаеймæгты æхсæн æнæмæт цæмæй кæнын, кæцы æвзæры хæдзарадон процессы.
  • Экономикæ — алы кондады фæрæзы æмдзыгуыр, кæцыйæ пайда кæнынц адæмы домæнтæ ифтонг кæнынæн.
  • Экономикæ куыд хæдзарадон архайд — организаци, структурæ æмæ искæцы хæдзарадон фадыгы уавæр.

Дунеон экономикæ, регионалон экономикæ, бæстæйы экономикæ — организаци, структурæ æмæ хъæдзарадон царды уавæр.

Экономикæ — кондадон ахасты æмдзыгуыр, кæцы у ацы къæпхæны æхсæнады кондадон хъомысы тынгады аккаг, æхсæнады кондады амалæн æлдариуæг чи кæны.

Экономикæйы истори

[ивын | Бындур ивын]

Незаманон æхсæнады райтынгад уыди дæлейау æмæ мамæлайы къæбæртæй ифтонг кодта адæмы. Сæрæй незаманонтæ хæлц æмæ хойрæгтæ арттой цуан æмæ уидзæнтæй, фæлæ неолитон революцийы руаджы фæзындысты зæххкуыст æмæ фосдард. æхсæнады райтынгад æркодта фæллойдихмæ æмæ социалон нембарадмæ, фæзындысты социалон кълæстæ æмæ паддзахад. Стæй ма цагъардарыны фæтк.

Сабыргай-сабыргай уæййагæмивæн дæр парахат кæнын байдыдта, кæд æмæ фыццаг уыди натуралон æмбаивды хуызы, фæлæ æхцаты фæзындимæ сси базар. Фæлæ уæддæр, Рагон дунейы æмæ Астæузаманты, арæхад кодта натуралон хæдзарад. XV æнусы кæронæй байдыдта Стыр географион ссардты дуг, кæцы æркодта дунеон экономикæйы скондмæ æмæ фæзынд райдианон капиталы сæмбырд. XVIII æнусы фæстаг цыппæрæм хайæ райдыдта индустриалон революци, кæй аххосæй размæдзыд бæстæты адæмы фылдæр 19 æнусмæ архайдтой хъæухæдзарады нæ, фæлæ промисленады. Уæлиуæг экономикон системæ сси капитализм, цыди традиционон æхсæнады фæивд нырыкконмæ, аграрон æхсæнады — индустриалонмæ.

1859—æм азы фыццаг хатт Уæрæсейы империйы, Горы-Горкийы зæххон институты, баконди хæдхъом специалад «Экономикæ». XX æнусы кæцыдæр бæстæты рæнхъы скондæуыд административон-командон социалистон экономикæ. Иннæ бæстæты та цыди капитализмы райтынгад. XX æнусы дыккаг хайы райдыдта зонад-техникон революци, йæ фæстиуæгæн индустриалон æхсæнад æппæты размæдзыд стонты, байдыдта фæсиндустриалон кæнын.

Экономикæйы къæпхæнтæ:

[ивын | Бындур ивын]

Экономикон зонады, экономикон архайд дихкондæуы микро- æмæ макроэкономикон къæпхæнтыл, æмæ дунеон экономикæйыл.

  • Микроэкономикæ æвдыстæуы куыд хибаргонд кондад, йе та куыстуат.
  • Макроэкономикæ стгæуы куыд националон экономикæ, кæнæ паддзахады экономикæ.
  • Интерэкономикæ амоны дунеон хæдзарады февзæрды æмæ апарахаты закъонбарад.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]