Перейти к содержанию

Макроэкономикæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Макроэкономикæ (гр. μακρός «даргъ, стыр», οἶκος «хæдзар» æмæ νόμος «закъон») — зонад, кæцы ахуыр кæны бæстæйы экономикæйы куыст æмткæй (кæнæ йæ иу хай, фадыг), ахæм иумæйаг процесс æмæ фæзынд, куыд инфляци, æгуыстдзинад, бюджеты дефицит, экономикон рæзт, экономикæйы паддзахадон уаг æмæ афтæ дарддæр.

Макроэкономикæ пайда кæны ахæм æмбарынæдтæй, куыд ИМП (иумæйаг мидпродукт, уырыс. валовой внутренний продукт), ИНП (иумæйаг националон продукт, уырыс. валовой национальный продукт), æмдзыгуыр бафарст (совокупный спрос), æмдзыгуыр æнхъарæн (совокупное предложение), фиддоны баланс (платёжный баланс), æхцайы массæ, инфляци, æгуыстдзинад, æхцайы, товары æмæ фæллойы базар (рынок денег, товаров и труда), агрегатон æвдисæгтæй пайда кæнгæйæ.

Фыццаг хатт термин «макроэкономикæ»-йæ архайдта Рагнар Фриш 14 августы 1933-æм азы. Макроэкономикæйы теорийы бындурæвæрæгыл нымайынц Джон Мейнард Кейнсы.