Экокластер
Экокластер (æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад) — хъæууон хæдзарадон компаниты барвæндон иугонд. Архайы экологикон сыгъдæг продукцийы æмæ экологон лæггæдты кондад, ракуыст æмæ уæй кæныныл Уæрæсейы базары. Кусы 2011-æм азæй, органикон хойрæгты стырдæр куыстуæтты хсæн ахсы уæллаг бынæттæй иу. Социалон амалхъомады фадыджы кусгæйæ, проект разæнгардæй пропагандæ кæны сындæг хæрыны концепции.
Истори
[ивын | Бындур ивын]2009-æм азы амалиуæгдар Александр Коновалов (раздæр Владимир Довганимæ иумæ фæтк лæвæрдтой компании «Эдельстар»-æн) балхæдта цыппар гектары зæхх Мæскуыйы облæсты Шаховы районы æмæ дзы сарæзта хи фермæ «Коновалово». Кусы органикон хъæууон хæдзарадон принциптыл — пайда кæнынц æрмæст æрдзæй лæвæрд холлæгтæ æмæ добавкæтæй. Æдæппæт зæхх æлхæныныл æмæ цæмæй проект æххæстæй кусын райдайа бахардз кодтой 32 милуан сомы. Фыццаг рæстæг, æхсыр фылдæр уæй кодтой æмбæлттæн æмæ сыхæгтæн, сæйраг клиенттæ уыдысты хæстæг коттеджон цæрæнуæтты цæрджытæ, Ног Ригæйы æмæ Рублёвскы шоссейы ’хсæн чи цæры, уыдон[1].
Коноваловы нæ фæндыд куыстуат уæрæх кæнын, тæссаг уыд продукцийы хъæд фесæфынæй. Парахат кæныны бæсты, сфæнд кодта саразын базарады маркæ, кæцы баиу кодтаид бирæ гыццыл хæдзарады. Сæ разы уыдон хъуамæ æвæрой нысан аразын экологикон æдасдзинады продукци. Алкæцы партнер, кæцыйы фæнды кусын базайрадон маркæйы бындурыл, алы мæй фиды бахаст, уыимæ йын дæттынц ветеринарон цæстдард, аудит, фосæн холлæгты æмæ халсартæн мыггаг æлхæныны цæстдард — уый тыххæй бæстон информаци фыст вæййы иумæйаг сайты, ифтонг кæнынц упаковкæйæ, маркетингон æххуысæй æмæ цын ауæйы гаранти дæттынц. Афтæмæй, 2011-æм азы регистрацигонд уыд æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Экокластер». Фыццаг аз иугонд сымбырд кодта йæ бренды бындурыл натуралон экопродукцийы æввонггæнджытæ сæдæйæ фылдæр. Уыдысты 30 Уæрæсейы регионæй æмæ 12 дунейы бæстæйæ. Афæдзы æрзылд уыд 12 милуан сомы, хцайы пайда та уыд 60%[2][1].
2012-æм азы компани рауагъта царды фыццаг уæрæсеон экодуканийы франшизæ æмæ бакуыста æхгæд хуызы экофермæйы франшизæйы проект. Кæд раздæр базайрæгтæ уæй кодтой интернеты онлайн-сервисы æххуысæй, уæд ныр «Экокластер» байгом кодта хъæу Лужкийы, Истрæйы районы, сæрмагонд дукани. Фæстæдæр фæзындысты æндæр дуканитæ дæр, афтæмæй фæзынд егъау дуканиты хыз. Хцайы пайда схызт 60 милуан соммæ, бренды иумæйаг аргъ та сси 100 милуан сомы[3]. 2014-æм сомы компани бафыста æмгуыстаы бадзырд регионалон социалон программæты фондимæ «Нæ фидæн». Иумæ райдыдтой парахат кæнын социалон амалхъомады практикæ, йæ нысан – хъæутæ сыгас кæнын æмæ Мæскуыйы цæрджыты сифтонг кæнын экологикон хæринæгтæй. Уыцы аз компанийы продукцы уæй кæнын райдыдтой «Лукойл»-ы цалдæр бензинкæнæн станцæты. Уый конд уыд хæрзгæнæн программæ «Больше, чем покупка»-йы фæрцы, арæзт бизнесмен Вагит Алекперовæй[4][5].
Газет «Коммерсант»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2015-æм азы «Экокластер» сси органикон хæринæгты стырдæр уадзæг Уæрæсейы, слæууыд æмрæнхъ ОАО «Русское молоко» и ООО «Эфирмасло»[6].
Архайд
[ивын | Бындур ивын]Иугонды æппæт уæнгты сæйраг нысан – уадзын, сæввонг æмæ уæй кæнын Уæрæсейы экологикон сыгъдæг продукци æмæ экологикон лæггæдтæ. Тæфаг дарын экологикон сыгъдæг продукцийы цивилизацион базары райрæзтыл æмæ царды уадзын нырыккон æхсæнадæмон экостандарттæ. Компани пропагандæ кæны нæзагъд аразгæ буарæдтæн, зæгъæм, хъацæнтæ, пестицидтæ, гербицидтæ, рæзты регулятортæ, нæзагъд отантибиотиктæн, æмульгатортæн, стабилизатортæн, аддæттæг добавкæтæн, консерванттæн продукци кæныны афоны, аххæст нæзагъд ГМОйæн. Продукци цæуы хæдбар экспертизæ Генетикон æдасдзинады Æппæтнационалон ассоциацийæ æмæ бæрæггонд цæуынц сæрмагонд нысанæй «Биологически безопасно». Иугондæй аразт уыд хи уæйы системæ, кæцы æфтауы дуканиты хыз æмæ æмраст хæццæ кæны базайрæгтæ æлхæнджытæм, кæцытæ фæдзæхст уыдысты интернет дуканийы[7][8].
Компани дæтты экологикон туризмы лæггæдтæ, зæгъæм, фермæ «Коновалово»-йы арæзт уыдысты дыууæ хæдзар-отелы 18 уазæджы фаг, кусынц кафе æмæ абанæ. Уазджытæн сæ бон у базонгæ уæвын хъæууон хæдзарадон куыстимæ, фосимæ бакусын æмæ архайын продукци куыд кæнынц, уым.
Социалон нысаниуæг
[ивын | Бындур ивын]Иугонд «Экокластер» активонæй æмгуыстад кæны федералон æмæ регионалон хицауады органтимæ, æххæст кæны социалон æмæ ахуарадон программæтæ æнæниздзинады царды уаг аразыныл, æрдзмæ арæхсгæ ахаст, ног кæны культурон бын, регионы агро æмæ биоалыхуызонад бахъахъхъæнын, хъæуы цæрджытæн дæтты кусæн бынæттæ[3].
Иугонды сæрдар Александр Коновалов лæууы активон граждайнаг позицийыл, архайы æппæт профилон мадзæлты, у Уæрæсейы Федерацийы Хъæууон хадзарады министрады кусæн къорды уæнг.
Критикæ
[ивын | Бындур ивын]Кооператив LavkaLavka-йы бындурæвæрæг Борис Акимовы хъуыдымæ гæсгæ «Экокластер»-ы бизнес модельмæ æвæрд уыд интересты ныхмæлæуд: «Коновалов æрмæст æхсыры куыст куы кæнид, æмæ кластермæ хонид æндæр продукции чи кæны, уыдоны, уый бамбарин. Фæлæ многопрофилон фермæ, æндæр куыстуæтты арбахонгæйæ, уыцы гайлайы чи кусы, быцæу кæндзысты сæхæдæг сæхиимæ»[1].
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Экокластер — компанийы сайт
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 Римма Авшалумова. Можно ли заработать на фермерском хозяйстве в Подмосковье . Ведомости (23 мартъийы 2012). Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Коновалов Александр Сергеевич . Коммерсантъ (11 октябры 2014). Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ 3,0 3,1 «Экокластер» запустил первую в России франшизу на экомагазины . Сельское хозяйство в России (12 ноябры 2012). Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Аня Чесова. На московских заправках появились товары социальных предпринимателей . The Village (31 январы 2014). Датæ: 2015-æм азы 3 майы.
- ↑ Ольга Тимофеева. В нашей взрослой-тире-взрослой жизни // Эксперт. — 2014. — № 26. — С. 68.
- ↑ Мария Карнаух. Ближе к земле . Коммерсантъ (29 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ ОАГБ и Экокластер . Общенациональная ассоциация генетической безопасности. Датæ: 2015-æм азы 5 майы.
- ↑ Анастасия Каримова, Светлана Ментюкова. Экологически чистый пиар . Коммерсантъ (15 апрелы 2013). Датæ: 2015-æм азы 5 майы.