Перейти к содержанию

Чунакова, Ольгæ Михаилы чызг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ольгæ Михаилы чызг Чунакова
Райгуырды датæ 1948-æм азы 11 июны(1948-06-11)[1] (76 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Зонады къабаз литературæзонынад[d], ориенталистикæ æмæ иранистикæ

Ольгæ Михаилы чызг Чунакова (райг. 1948-æм азы 11 июны(1948-06-11)[1] (76 азы), Актобе[1]) — советон æмæ уæрæсейаг скæсæнзонæг-иранист, историк, ирайнаг историон æвзагзонынад иртасæг, согъдаг æвзаг æмæ манихейаг литературæйы специалист. Историон зонæдты кандидат, филологон зонæдты доктор, Уæрæсейы зонæдты академийы Скæсæйнаг къухфыстыты институты Астæуккаг Скæсæны кафедрæйы сæргълæууæг, Бетъырбухы паддзахадон университеты профессор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Университетмæ бацæуыны фæстæ цæры Ленинграды (Бетъырбухы). Каст фæци Ленинграды паддзахадон университеты скæсæйнаг факультет (1974).

2000-æм азæй у Бетъырбухы университеты ирайнаг филологийы кафедрæйы профессор.

Амоны курсытæ персайнаг æвзаджы теорион æмæ историон грамматикæ æмæ астæуккаг персайнаг (пехлевиаг) æвзаджы тыххæй[2].

Чингуытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Пехлевийский словарь зороастрийских терминов, мифических персонажей и мифологических символов. М.: Восточная литература, 2004. 286 с.
  • Хрестоматия по среднеперсидскому (пехлевийскому) языку. СПб.: Изд-воСПбГУ, 2005. 94с.
  • Хрестоматия по авестийскому языку. СПб.: Факультет филологии и искусств СПбГУ, 2008. 174 с.
  • Хрестоматия по древнеперсидскому языку. СПб.: Факультет филологии и искусств СПбГУ, 2008. 71 с.
  • Среднеперсидский манихейский язык: грамматический очерк. СПб.: Филологический факультет СПбГУ, 2014.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 http://www.orientalstudies.ru/rus/index.php?option=com_personalities&Itemid=74&person=232
  2. Чунакова Ольга Михайловна - Восточный факультет СПбГУ(недоступная ссылка). orient.spbu.ru. Датæ: 2020-æм азы 6 майы. Архив 2020-æм азы 18 сентябры.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Чунакова Ольга Михайловна // Милибанд С. Д. Востоковеды России. XX—XXI вв. Биобиблиографический словарь в 2-х книгах. Кн. 2. М.: Изд. фирма «Восточная литература» РАН, 2008. С. 630.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]