Чжили

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Чжили

Чжили (кит. хуымæтæг 直隶, пиньинь: Zhílì) — 1928-æм азы агъоммæ йын чи уыдис, Китайы провинци Хэбэйы уыцы ном. Провинци сарæзтæуыд XVII æнусы, Китайы маньчжуртæ хи куы бакодтой, уæд. Чжили Пекины сахармæ хæстæг кæй уыдис, уыйадыл бынатбæрнон ын разамынд лæвæрдта комкоммæ уырдыгæй. Ном «Чжили» дзырдæй-дзырдмæ ратæлмацгæнæн ис афтæ: æвæрцонæй разамынд кæмæн дæттынц, уый.

1928-æм азы Гоминьданы тыхтæ куы фæуæлахиз сты, уæд паддзахады сæйраг сахар ахастæуыд Нанкинмæ, Чжилийæн та лæвæрд æрцыдис ног ном — Хэбэй.