Цыхуырбатæ
Внешний вид
(Цхуырбатæ-æй æрвыст)
Хъæуы тыххæй кæс Цхуырбатæ (хъæу).
Цыхуырбатæ | |
---|---|
Æндæр вариант | Цхуырбатæ |
Рагон мыггаг | Сидæмонтæ |
Бындурæвæрæг | Цыхуырба |
Æрвадæлтæ | |
Къабæзтæ | Сулайтæ[1] |
Кæм цардысты | Дзауы ком, Хъемулта, Чеселт |
![]() |
Цыхуырбатæ[2] кæнæ Цхуырбатæ[2] (уырыс. Цховребовы, Цхурбаевы, гуырдз. ცხოვრებაშვილი) сты ирон мыггаг.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Цыхуырбатæн сæ фыдæл Цыхуырба ралыгъд Тибæй. Хслебмæ æрлыгъд æмæ уым æрцард. Ам бинонтæ æркодта æмæ сын зæнæг рацыд. Цыхуырбайæн йæ лæппутæ уыдысты Тугъан æмæ Таймаз. Тугъан ын уыд иу усæй, Таймаз та иннæ усæй. Тугъаны фырттæй иу æрлыгъд Сачъремæ, иннæтæ баззадысты Хуымысæрты. Таймазтæ та цардысты Хуымысæрты, Джæдджитыхъæуы, Шихантурийы, Сулайтыхъæуы, кæнæ Угæрдæнты æмæ Танделаты хъæуы. Цыхуырба фæстаг ус куы æрхаста, уæд уый йемæ æркодта гыццыл лæппуйы æмæ йæ ныффыста Цыхуырбатæй, фæлæ сæ хонгæ та кæнынц Тъатъатæй.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними : Т. I: Дзауы район. — 2013. — 599 ф. — ISВN 978-5-02-038074-5
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.