Цорионтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цорионтæ (уырыс. Цорионовы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ацы мыггаг равзæрд Доныфарсы Цориты мыггагæй, сæ мыггагы мад Цориты чызг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Цориты чызджы, дам, æрхуыдта йæхицæн бинойнагæн Доныфарсы хъæуккаг Æгкацатæй иу лæг. Къорд азты фæцардысты, райгуырд сын цыппар фырты. Фæлæ уый фæстæ Æгкацаты лæг æндæр ус æрхаста. Ус рахицæн йæ лæгæй æмæ Доныфарсы æндæр ран æрцард. Йæ фырттæ кæд Æгкацатæй уыдысты, уæддæр сын мад сæ мыггаг скодта йæ чызгон мыггагыл — Цорионтæ. Лæппуты Доныфарсы сæ фыды цур цæрын нæ бафæндыд æмæ алыгъдысты Лезгоры зылдмæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.