Перейти к содержанию

Цайцымæн змæлд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цайцымæн змæлды демонстраци Капитолийы раз 2009-æм азы 12 сентябры

Цайцымæн змæлд (англ. Tea Party movement) у АИШ-ы консервативон-либертариайнаг[1][2] политикон змæлд, 2009-æм азы протесттæй чи фæзындис, ахæм.

Змæлды ном æрвиты 1773-æм азы «Бостоны цайцымæн»-мæ — уæд америкаг колонисттæ раппæрстой англисаг цайы уаргъ, уыцы цау ахсджиаг цауыл нымад у АИШ-и историйы. Иуæй-иу хатт змæлды ном æмбарын кæнынц куыд «Taxed Enough Already» («Фаг хъалонтæ фидæм»). Змæлд политикон парти нæу, æвзæрстыты рæстæг республикайнаг партийы кандидатты фарс-иу æрлæууынц.

Змæлды нысанты ’хсæн хицауады аппарат æмæ хъалонтæ фæкъаддæр кæнын æмæ æндæртæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]