Цæгат Зæхх
Цæгат Зæхх | |
---|---|
уырыс. Северная Земля | |
Характеристикæ | |
Стырдæр сакъадах | Октябры Революцийы сакъадах |
Иумæйаг фæзуат | 37 000 км² |
Цæрджытæ | 0 ад. |
Ран | |
80°00′ с. ш. 97°00′ в. д.HGЯO | |
Акватори | Цæгат Ихджын фурд |
Бæстæ | |
Уæрæсейы Федерацийы субъект | Красноярсчы край |
Викикъæбицы медиа |
Цæгат Зæхх (уырыс. Северная Земля) у Уæрæсейы сакъадæхты къорд Цæгат Ихджын фурды. Ссардтой йæ 1913-æм азы Вилькицкийы экспедицийы архайджытæ æмæ йын радтой ном Тайвай (ихсæтджыты «Таймыр» æмæ «Вайгач»-ы нæмттæм гæсгæ). Уæды уырнындзинадмæ гæсгæ уыдис иу стыр сакъадах. Фæстæдæр, 1914-æм азы, сакъадахæн (архипелаг кæй у, уый нæмæ зындæуыд) радтой официалон ном — Николай II-ы Зæхх.
1926-æм азы 11 январы Николай II-ы Зæххæн радтой ног ном — Цæгат Зæхх. 1931—1933 ссардæуыдысты Цæгат Зæххы сконды чи сты, уыцы хицæн сакъадæхтæ, æмæ сын радтой ныры нæмттæ: Пионер, Комсомолец, Большевик, Октябры Революцийы, Шмидты. Цесаревич Алексейы сакъадахæн радтой ног ном: Чысыл Таймыр.
Архипеладжы фæзуат у 37 мин км² бæрц. Ничи дзы цæры.
Цæгат Зæххы ис сакъадахон Азийы цæгатагдæр ран — Арктикон сынæг Комсомолецыл (81°13′ ц. у.).
Бæстыхъæд
[ивын | Бындур ивын]Сакъадæхты бæстыхъæд у денджызон, арктикон. Зымæджы ныллæгдæр температурæ хæццæ кæны -47°С, сæрды хъармдæр температурæ у æрмæстдæр +6,247°С. Июлы рæстæмбис температурæ у +6,247°С.
Зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ
[ивын | Бындур ивын]Æгæр карз бæстыхъæды аххосæй зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ сакъадæхты бирæ нæй. Зайынц дзы хъуынатæ, хъуынабынтæ, рувасдымæг, полярон дзæгъдзæгъгæнæг, дурсæт.
Сакъадах Большевичы чысыл къордгæй хизынц хъæддæг цæгатаг сагтæ, ис дзы урс æрсытæ дæр, цæгатаг рувæстæ æмæ леммингтæ.
Сакъадæхтæ
[ивын | Бындур ивын]- Комсомолец
- Большевик
- Пионер
- Октябры Революцийы сакъадах
- Старокадомскийы сакъадах
- Шмидты сакъадах
- Чысыл Таймыр
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Урванцев Н. Н. На Северной Земле. 2-е изд. Л., 1969.