Хъысхъысæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъысхъысæг
Хъысхъысæг
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Saxifragales
Бинонад: Ставдзæнгсыфонтæ
Мыггаг: Sedum
Хуыз: Хъысхъысæг
Латинаг ном
Sedum telephium L.
Синонимтæ
ITIS 565233
NCBI 91097

Хъысхъысæг кæнæ хъыс-хъысæг, хъысхъысгæнаг, цъиудзæхæра (лат. Sedum telephium, уырыс. Очиток обыкновенный, заячья капуста, очиток скрипун) у хæрынæн бæзгæ кæрдæг зайæгой.

Ацы кæрдæгмæ куы февналай, уæд æцæгæй дæр йæхи мидæг хъыс-хъысгонд кæны, уæлдайдæр йæ сыфтæ кæрæдзийыл куы аныдзæвынц, уæд. Уымæ гæсгæ йæ хонынц хъысхъысæг, уый дæр фылдæр зайы хъацæнджын рæтты. Кæнынц дзы цæхдон, стæй цæхæраджынтæ дæр.

Адæмон медицинæйы йын йæ сыфтæ æвæрынц хъæдгомыл, йæ донвых тъæнгты куыст нывыл кæны.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.
  • Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».