Хъулчитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъулчитæ (уырыс. Кульчиевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Ацы дыууæ мыггаджы равзæрдысты Тæрион Тулабегæй. Мыггаджы фыццаг фыд уыд Доныфарсы цæрджытæй иу — Тæрион Тулабег. Уымæн йæ байзæддаг уыдысты Дзæх æмæ Бæта-Бабей. Дзæхæн Доныфарсы рацыд дыууæ фырты: Хъуыдайнат æмæ Уæда. Æфсымæртæ слæгтæ сты, æркодтой бинонтæ, рацыд сын зæнæг. Фæстагмæ Хъуыдайнаты æмæ Бæта-Бабеймæ сыхæгтæ æмæ хъæуккæгтæ Тæрионты мыггаджы номæй нал дзырдтой, фæлæ сæм райдыдтой дзурын Хъулчиты номæй. Бинонты хистæртæй сæ иу Хъулчи хуынд. Афтæмæй Доныфарсы фæзынд нæуæг мыггаг — Хъулчитæ. Дзæхы дыккаг фырт Уæда йæ мыггаг ныууагъта йæхи номыл — Уæдатæ. Адон дæр сæхи Тæрионтæй нал хуыдтой, фæлæ Уæдатæй.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 154–155.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 121.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 242–243.