Къозатæ
| Къозатæ | |
|---|---|
| Æндæр вариант | Хъодзатæ[1] |
| Кæм цардысты | Уырыхъæу |
Къозатæ[1] кæнæ Хъодзатæ[1][2] (уырыс. Кодзаевы, Козаевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Мыггаджы рагфыдæл Бази райгуырд æмæ царди Цымытийы. Базийы фырт Хъабанæй райгуырди Къоза. Уый номæй равзæрди мыггаг Къозатæ (Козатæ, Хъодзатæ). Къозайæн уыди авд фырты: Тазе, Муссæ, Хъодз, Бетъре, Тохты, Ацæмæз, Елдзарыхъо. Къоза фæтуджджын хъæуы домбайдæр мыггæгтæй иуимæ æмæ йæ авд фыртимæ æрбынатон Цымытийы дæлбыл.
Сæ цæрæн бынат рахуыдтой Уырыхъæу. Цалынмæ гæнах æмæ мæсыг амадтой, уæдмæ сын Хъæрæцатæ тынг баххуыс кодтой. Кæд æрвадиуæг нæ кодтой, уæддæр æфсымæртæй цардысты, кæрæдзийæ чызг нæ куырдтой. Ацы æгъдау фехæлдта нартыхъæуккаг Цомахъы фырт Хъылцыхъо. Ракуырдта Къозаты Мырзабеджы чызг Минареты. Къозатæ амайæн дур цæттæ кодтой Хъæриуы хохы бын. Иутæ дур къæдзæхæй хицæн кодтой, иннæтæ та йæ дурамайæнæй амадтой. Цæттæ дуртæ дзоныгътæй ластой хохы сæрæй Уырыхъæумæ. Ам сæ амадтой мæсыг, гæнах æмæ хæдзæрттæ.
Къоза æмæ йæ фырттæ куы æрбынатон сты Уырыхъæуы, уæд, кæимæ фæтуджджын сты, уыдоны нал уагътой ракæсын: сæ фæндаг уыдоныл уыд æмæ сын æй æрæхгæдтой. Уæд сæ тудджынтæ сарæзтой хъæдын мæсыг æмæ йæ дыууадæс цæды галтæй сластой уæлвæзмæ, Цымытийы сæрмæ. Къозатæ райсомæй сæ хъомтæ скъæрдтой хизынмæ Зирийы дзуарырдæм, сæ сылгоймагтæ та дон хастой Гыбылы суадонæй, æмæ сæ хъæдын мæсыгæй æхстой. Уæд Къозатæ дæр æхсын байдыдтой уыцы мæсыг, фæлæ дзы нæмыг нæ хызти. Æрбамбырд сты Цымытийы, Къадаты, Лæцы, Хидыхъусы æхсæны лæгтæ æмæ дыууæ мыггаджы туджы фидыд бакæнын кодтой. Уæдæй фæстæмæ туг никуал ныккалд. Куы æрсабыр сты, уæд Къозайы фырт Хъодз æрцард хохы Дæргъæвсы. Йæ фæдонтæ сæ мыггаг фыссын байдыдтой Хъодзатæй. Куы бабирæ сты æмæ сын зæхх куы нал фаг кодта, уæд уырдыгæй ралыгъдысты Джызæл, Брут, Кæрдзын æмæ Бæтæхъойыхъæумæ. Ныры фæлтæры сæ зындгонддæр лæгтæ сты Хъодзаты Æхсар — курдиатджын поэт, журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор, æмæ Хъодзаты Юри — культурæйы сгуыхт кусæг, зæрæггæнæг, юрист.
Къозайы цыппар фырты — Бетъре, Елдзарыхъо, Тохти, Ацæмæз — саргъы бæхтыл зæххагур ахыстысты æфцæгыл Зругмæ. Тохти æмæ Ацæмæз баззадысты цæргæйæ Зруджы. Бетъре æмæ Елдзарыхъо ацыдысты Хуссар Ирмæ. Уым, Мацхарайы, сæ хъаматæй лæдзджытæ ракодтой æмæ зæххы дзæбæхтыл бæрæггæнæн къæбæлтæ ныссагътой. Уæд бынæттон цæрджытæ Лалытæ сæ кæстæрты арвыстой, хабар базонут, нæ зæххытам нын чи æрбауæндыд, зæгъгæ. Къозаты дыууæ æфсымæры сын радтой дзуапп: «Мах кæм æрбæрджытæ кодтам, уыдон сты мах зæххытæ, нæ къæбæлтæ нал сыфтаудзыстæм...»
Лалыты фæсивæд сæ хистæрæн хабар радзырдтой. Уæд хистæртæ скарстой: адон хъæбатыр адæм сты æмæ уадз нæ сыхæгтæ ой.
Тохъхъыл акусарт кодтой æмæ сæ æрхуыдтой куывдмæ. Хистæр æфсымæр Бетърейæн радтой сæ рæсугъд чызджы, æмæ сын рантысти лæппу. Фараст азы йыл куы рацыд, уæд æй йæ мад Лалон арвыста йæ цæгатмæ, арахъуадзæн аг сдав, зæгъгæ. Куы йæ рацæйхаста йе ’ккой, уæд æй Лалыты гыццыл лæппу хъазæн æхст фæкодта топпæй, аг акъуырон, зæгъгæ. Нæмыг аджы ахызт æмæ лæппуйы сæрыл сæмбæлди. Лæппу фæмард. Къозатæ схъаугъа кодтой, фæлæ туг кæмæй райстайккой... æмæ бафидыдтой. Сæ фæдонтæ цæрынц Цхинвалы, Къахеты. Уыдоны фæдонтæ та ралыгъдысты Цæгат Ирыстоны хъæутæм æмæ горæттæм. Сæ мыггаг фыссынц Козатæй.
Зругæй Тохти æмæ Ацæмæзы байзæддæгтæ ралыгъдысты æмæ æрцардысты Лабæйы, Дзæуджыхъæуы, Рассветы, Кировыхъæуы... Сæ мыггаг фыссынц Козатæй.[1]