Перейти к содержанию

Хъодалатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъодалатæ (уырыс. Кодалаевы, Кодалашвили) сты ирон мыггаг.

Чертхъотæ раздæр цардысты Боселтайы, Мидæг хохы, фæстæдæр ралыгъдысты Захъормæ, Боселтайы сын баззад сæрвæттæ. Чертхъойæн уыд æртæ фырты: Сота, Гоцъо, Хъодала. Хъодала царди Боселтайы Гоцъойы цъалайы, Сота та царди Захъоры. Уырдыгæй йæ цæуæт фæлыгъд алырдæм. Æфсымæртæй алкæмæн дæр сæ номыл рацыд мыггæгтæ: Сотатæ, Гоцъотæ, Хъодалатæ. Абоны онг дæр зонынц, Чертхъотæй кæй рацыдысты, уый.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 139.