Хъауыраты Дауыр
Внешний вид
Хъауыраты Дауыр | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1942 |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт |
Хъауыраты Дауыр (æцæг ном у Дзиойты Хъауырбеджы фырт Дауырбег; райгуырдис Заманхъулы 1942-æм азы) у ирон поэт.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Хъауыраты Дауыр райгуырдис Заманхъулы 1942-æм азы. Астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кодта Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты, каст дзы фæци цыппар курсы. Куыста Кировы районы газет «Размæ»-йы редакцийы, стæй трест «Хъæуарæзтад»-ы хæдзарады сæргълæууæгæй.
Дауыр фыссы æмдзæвгæтæ, хъæлдзæг радзырдтæ, цалдæр чиныджы рауагъта сабитæн. Йæ уацмыстæ арæх фæзынынц «Мах дуджы», «Ногдзау»-ы, «Рæстдзинад»-ы æмæ кæсджыты зæрдæтæ балхæнынц сæ хъæздыг нывæфтыд æвзагæй, ахадгæ хъуыдытæй, рæстдзæвин юморæй, æнæхæрам, цардуарзон иронийæ.