Хъалабегтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъалабегтæ (уырыс. Калабеговы) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мыггаг равзæрд Гуырдзыйы æндæр мыггагæй, кæмæй, уый таурæгъгæнæг нæ зоны. Кæддæр, дам, Хъалабегтæй иу лæг Гуырдзыйы кæйдæр амардта æмæ æртæ æфсымæрæй ралыгъдысты Дыгургоммæ, æрцардысты Стыр Дыгуры зылды Къуссуйы. Æфсымæртæй сæ иуы ном хуынд Хъудæйнат. Иннæ дыууæ æфсымæры алыгъдысты Асы æмæ Хъæрæсемæ. Ум цæргæйæ сæхицæн бинонтæ æрхастой. Сæ мыггаг уым дæр Хъалабегтæй[1] уыди.

Æндæр таурæгъмæ гæсгæ та, ацы æфсымæртæ Асы æмæ Хъæрæсемæ нæ фæлыгъдысты, фæлыгъдысты Хуссар Ирмæ æмæ уым сæ мыггаг Хъуылымбегтæй скодтой. Хъудайнат æмæ йæ мад та баззадысты Къуссуйы. Уым ус ракуырдта лæппу, райгуырд ын иунæг фырт — Айтег. Уымæн дæр уыд иунæг фырт — Бимболат. Уымæн дæр фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт. Хъалабегтæ Къуссуйы фæцардысты бирæ рæстæг. Фæстæдæр сæ бирæтæ алыгъдысты Чырыстонхъæумæ, Мæскуы, Омск æмæ æндæр рæттæм.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 172–173.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 135.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 49.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Къалабеклары