Хуырхæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хуырхæг
Хуырхæг
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Caryophyllales
Бинонад: Сауфагæтæ
Мыггаг: Хуырхæг
Хуыз: Хуырхæг
Латинаг ном
Rumex acetosa L., nom. cons.
ITIS 504901
NCBI 41241

Хуырхæг, дыгуронау: тауæгтъаффæ (лат. Rumex acetosa) у кæрдæг зайæгой.

Хуырхæг у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Хъæздыг у алыхуызон витаминтæй, минералон цæххытæй. Уæдæ дзы урсаг та хæццæ кæны 36,4% онг. Пайда у хæлцтайынад банывылдæр кæнынæн. Буары мидæг туг æнæзынгæйæ тугдадзинтæй куы фæхъары, уæд уый ныууромынæн. Æвдадзы хос у, тугхæппæр чи феппары, геморройæ чи батыхсы, уыцы рынчытæн. Æнцондæр кæны игæры масты гуырынад æмæ йæ æддæмæ ратæры. Хуырхæджы сыфтæн нæ фæразынц бирæ зианхæссæг микробтæ, амары сæ. Уымæ гæсгæ йæ амонынц, низхæссæг микробтæй чи фæхъæстæ, уыцы рынчынтæн. Йæ уидаджы фыхдон фидардæр кæны буары тæккæ лыстæгдæр тугдадзинты. Дзæбæх дзы кæнынц цармы цалдæр хуызы низтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы — сæрмагонд хосты æмрæнхъ, иумæ. Йæ сыфтæ æмæ йын йæ хъæд фæхæрынц хомæй, цалынмæ дидинæг нæма ракалы, уæдмæ. Алыхуызон хъацæнтимæ дзы хæринаджы дæснытæ саразынц æвæджиауы хъæрмхуыпп, салаттæ, пюре, чъиритæ, зымæгмæ йæ æрцæттæ кæнынц цæхджынæй, консервгондæй, хусæй. Хуырхæг уæлдай кадджындæр у адæмы цæсты, уымæн æмæ дзы бирæ аирвæзын кодта стонг азты, уæлдайдæр та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ. Хордтой йæ цæхæрайы фыхæй, ссадимæ хæццæйæ.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]