Хуыгаты Геор

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хуыгаты Геор
Райгуырды датæ 1922-æм азы 9 январы(1922-01-09)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2005
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, драматург, режиссёр
Уацмысты æвзаг уырыссаг[1] æмæ ирон[1]
Хорзæхтæ

Хуыгаты Доментийы фырт Геор (райгуырдис 1922-æм азы 21 апрелы Цæгат Ирыстоны Ногиры — амардис 2005-æм азы) уыдис ирон драматург.

Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола. 1939-æм азы Хуыгайы-фырт у Цæгат Ирыстоны театралон училищейы (студийы) студент. 1942-æм азы сси Ирон театры актёр. 1947-æм азы ахуырмæ бацыдис А. Луначарскийы номыл Театралон аивады паддзахадон институтмæ (ТАПИ) режиссурæйы хайадмæ. Институт каст куы фæци, уæд раздæхти йæхи театрмæ æмæ райдыдта кусын режиссёрæй. Бирæ азты куыста йæ аивадон разамонæгæй.

Йе ’взонджы бонты Хуыгайы-фырт фыста æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ. Ахæм сфæлдыстад ахъаз фæци йæ сæйраг профессийæн. Йæ фыццаг уацымыстæ уыдысты æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ, 40—50-æм азты мыхуыры цыдысты журнал («Мах дуджы»). Георы æмдзæвгæ «Дыууæ фыстæджы» музыкæмæ авæрдтой — уый сси популярон зарæг, цыма адæмон зарæг, æмæ бацыди ирон адæмон сфæлдыстады антологимæ.

Фæстæдæр Хуыгаты Геор йе ’ргом раздæхта тæлмацгæнæджы куыстмæ. Ратæлмац кодта, Ирон театры сценæйыл æнтысджынæй кæй хъазыдысты, ахæм цалдæр дæс классикон æмæ нырыккон пьесæйы. Уыдоны ’хсæн Еврипиды, Шекспиры, Бомаршейы, Гоголы, Островскийы, Л. Толстойы, Горькийы æмæ Чеховы уацмыстæ.

1957-æм азы фыццаг хатт бафæлвæрдта ныффыссын пьесæ. Йæ пьесæтæ «Андро æмæ Сандро», «Мæ усы мой», «Зæрдæйæн квартет» æмæ æндæртæ æнтысджынæй æвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы бирæ сценæтыл.

«Раздæры советон бæстæйы, æвæццæгæн, ахæм театр нал баззад, æмæ Хуыгайы-фырты водевильтæ кæй сценæйыл не ’рцыдысты æвæрд». («Мах дуг»)

Геор ныффыста фыццаг ирон драмæ «Кæм дæ, мæ амонд?». Йæ уацымыстæ хицæн æмбырдгæндтæй цалдæр хатты рацыдысты мыхуыры уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

Хуыгайы-фырты хъæппæрисæй сарæзтæуыд, Дзæуджыхъæуы æрвылаз æнтыстджынæй чи цæуы, уыцы Цæгат Кавказы национ драмон театрты фестиваль «Сценæйæн арæнтæ нæй».

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]