Перейти к содержанию

Хуадонты Зураб

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хуадонты Муссæйы фырт Зураб (райгуырдис 1940-æм азы 1 сентябры, Цыколайы) у техникон зонæдты доктор, профессор (1992), Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы зонад æмæ техникæйы сгуыхт кусæг, æхсæнадон архайæг.

Хуадонты Зураб райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Цыколайы хъæуы. Скъолайы сахуыры фæстæ бацыдис Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ (уырыс. СКГМИ). Каст æй фæцис 1963-æм азы.

1967–1970-æм азты Хуадоны-фырт ахуыр кодта Мæскуыйы инженерон-арæзтадон институты. 1971-æм азы дзы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Ирыстонмæ сыздæхгæйæ, райдыдта кусын ассистентæй Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты аразыны куыстады технологийы кафедрæйы (уырыс. кафедра технологии строительного производства). 1973-æм азы Зураб ссис доцент, 1977-æм азæй нырмæ у кафедрæйы сæргълæууæг. 1992-æм азы йын лæвæрд æрцыдис профессоры ном.

Хуадоны-фырт бирæ азты дæргъы уыдис Хæххон-металлургон институты ректор.

Хуадонты Зураб мыхуыры рауагъта 100 куыстæй фылдæр, уыдоны ’хсæн 4 монографиы, ахуыргæнæн чингуытæ.

Хуадоны-фырт у Информатизацийы æхсæнадæмон академийы æмæ Уæлдæр скъолайы зонæдты академийы уæнг. 1995-æм азы Æрдз æмæ æхсæнады зонæдты æхсæнадæмон академи схорзæхджын æй кодта Цытджын Пётры номыл майданæй.

Хуадонты Зураб у национ преми «Нарты фæткъуы»-йы бындурæвæрæг.