Ход (мыггаг)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ходтæ-æй æрвыст)

Ход[1] кæнæ Ходтæ[1][2] (уырыс. Ходовы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Хъайттаты Хъайтмырзæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Ходæй быдыры хъæутæм алыгъдысты Хъайтыхътæй, Дзугкойтæй æмæ Созайтæй чидæртæ æмæ сæ мыггаг уым ныффыстой Ходæй, ома, Ходæй ралидзгæтæ. Цъæриттæ æмæ Джимиты мыггæгтау, уыдон дæр сæ мыггаг, цы бынатæй ралыгъдысты, уый номæй схуыдтой.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. 2,0 2,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.