Перейти к содержанию

Хоббит, кæнæ Уырдæм æмæ Фæстæмæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хоббит, кæнæ Уырдæм æмæ Фæстæмæ
англ. The Hobbit, or There and Back Again
Жанр эпикон фэнтези
Автор Дж. Р. Р. Толкин
Оригиналы æвзаг англисаг
Фыццаг публикацийы датæ 1937 азы 21 сентябрь
Рауагъдад George Allen & Unwin
Фæдылдзог Къухдарæнты æлдар
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хоббит, кæнæ Уырдæм æмæ фæстæмæ (англ. The Hobbit, or There and Back Again) у англисаг фыссӕг Джон Рональд Руэл Толкины уацау. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1937 азы George Allen & Unwinы рауагъдады фæрцы, фӕстӕдӕр сси сывӕллӕтты литературӕйы классикæ.

Сюжеты бындуры — хоббит Бильбо Бэггинсы балц, алӕмӕт Гандальф ӕмӕ ӕртындӕс къуызыппайы, Сӕ сӕргъы Торин Дубощит, афтӕмӕй. Сӕ фӕндаг лæууы "Иунӕг Хохмӕ", рагон къуызыппа хæзнаттæм, кӕфхъуындар Смауг кӕй хъахъхъӕны, ахӕмтӕм.

"Хоббит" фысгӕйӕ Толкин йе ’ргом здӕхта скандинаваг мифологимæ ’мӕ рагон англисаг поэмӕ "Беовульф"-ы мотивтӕм.

"Хоббит, кæнæ Уырдæм æмæ фæстæмæ" У Толкины фыццаг мыхуыргонд куыст, йӕ архайд цӕуы "Астӕуыккаг дунейы". Чиныг райста критикты æмæ чиныгкæсджыты æппæлд уыцы ӕнтыстдзинады фӕстӕ рауагъдад Толкинӕй куырдта, цӕмӕй дарддӕр дæр фыстаид йӕ куыст. 1937 азы Толкин бавнӕлдта хоббитты тыххӕй ног хабар фыссынмӕ. Куысты фӕстиуӕг уыд роман — Къухдарæнты æлдар - "Хоббит"-ӕй хъауджыдӕр ацы уацмыс арӕзт у хъомыл чиныгкӕсджыты аудиторимӕ. Дыууӕ чиныджы сюжеттӕ ӕмуд цӕмӕй уой, уый тыххӕй Толкин ивддзинӕдтӕ бахаста "Хоббит"-ы райдианы текстмӕ-цӕвиттон, уый хауы Билбо Голлумимӕ фембӕлды ӕрфыстмӕ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]