Къухдарæнты æлдар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къухдарæнты æлдар
англ. The Lord of the Rings
Жанр эпикон фэнтези
Автор Дж. Р. Р. Толкин
Оригиналы æвзаг англисаг
Фыццаг публикацийы датæ 1954[1]
Рауагъдад George Allen & Unwin
Раздæрон Хоббит
Фæдылдзог Том Бомбадилы цаутæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Къухдаранты æлдар (англ. The Lord of the Rings) у англисаг фыссæг Джон Рональд Руэл Толкины эпикон роман. Къухдаранты æлдар нымайынц эпикон фэнтезийы жанры фыццаг романыл, ноджы ма йæ классикон уацмысыл.

Къухдаранты æлдар — нымад у XX æнусы æппæт популярон æмæ номдзыддæр чиныгыл. Фæстæдæр чиныг ратæлмац кодтой бирæ æвзæгтæм. Стыр тæфаг радта куыд æппæт фэнтези литературæйæн æмæ кинематографæн афтæ дæр æппæтдунеон культурæйæн. Профессор Толкины куыстыты тæфагæй фæзындис ног æхсæнадон змæлд — толкинизм. Питер Джексоны чиныджы экранизаци дæр уыдис стыр æнтыст.

Сфæлдыстады истори[ивын | Бындур ивын]

Толкин сæрысуангæй нæ хъавыд фыссын «Хоббиты» дарддæрдзу, фæлæ 1937-æм азы 15 ноябры Allen & Unwin-ы рауагъдады хицау сæ фембæлды рæстæг радта йын фадат æмæ конкретон æнхъарæн ног уацмысы рауагъды тыххæй.

«Хоббиты» дарддæрдзу райдыдта фыссын æмæ 1937-æм азы 16 декабры ног чиныджы фыццаг сæр ныридæгæн уыди фыст.

Автор йæ сæйраг нысаныл нымадта саразын ног англисаг эпос. Толкин, йæхæдæг, уыдис ахуыргонд филолог, фæцис Оксфорд. Хорз зыдта Цæгат Европæйы астæузаманы мифтæ: «Хервёры сагæ», «Вёльсунгты сагæ», «Беовульф» æмæ ’ндæр рагон гермайнаг, рагон англисаг, рагон скандинаваг æмæ англисаг астæузаман текстæ.

Толкин йæ фыстæджыты арæх амыдта йæ уацмысы сæйраг нысан уыди «æхсæнады фæткæвард сраст кæнын æмæ йæ рæсугъдзинад æмæ ’цæгдзинад рабæрæг кæнын» кæй уыди уый. Толкин уыди перфекционист æмæ уый тыххæй йæ куысты фæуыны хъуыддæгты тыххæй тагъд нæ кодта.

Йæ литературон куыст иу арæх ныууагъта, сæрмагондæй та йæ хъуыди йæ студенттæн бафæлварын («Хоббиты» фыццаг фразæ «In a hole in the ground there lived a Hobbit» дæр фыст æрцыди, йæ студентты экзаменацион куыстыл). Æнæхъæн 1943-æм аз, йæ текстыл нæ куыста, фæлæ йæ куыст адарддæр кодта 1944-æм азы апрелы мæйы. Йæ романы сæргæндтæ иу арæх æрвыста йæ фырт Кристоферæн, уыцы заман службæ кодта Африкæйы, англисаг уæлдæфон флоты æхсæн, æмæ йæ ’мбал Клайв Льюисæн. Уацмыс фыст æрцыди 1948-æм азы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Bell A. The Lord of the Rings // Encyclopædia Britannica (брит. англ.)Encyclopædia Britannica, Inc., 1768.