Хетæгтæ
| Хетæгтæ | |
|---|---|
| Æндæр вариант | Хетæгатæ |
| Равзæрд | Хетæгкатæ (верси)[1] |
| Кæм цардысты | Хидыхъус |
Хетæгтæ[2], вариант: Хетæгатæ[1] (уырыс. Хетаговы, гуырдз. ხეთაგაშვილი[2]) сты ирон мыггаг.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Ис ахæм ныхас, зæгъгæ, дам, Хетæгатæ сты Нары комы Хетæгкаты мыггаджы иу къабаз. XVIII æнусы кæрон ацы мыггагæй иу хæдзар цæмæдæр гæсгæ сыстад йæ цæрæнбынатæй æмæ алыгъд Захъхъамæ. Цас дзы ацард, Хуыцау зонæг, фæлæ та иуафон ардыгæй дæр лидзæг фæцис, йæ зæххытæ, йæ уыгæрдæнтæ аренды радта, афтæмæй. Æфцæджы сæрты æрхызт Куырттаты коммæ æмæ æрцард Хидыхъусы, Цъæритдоны был.
Хетæгаты Илас куыд дзырдта, афтæмæй уый æрвылаз фæззæджы йæ фыд Бечмырзæимæ цыдис саргъыбæхыл Захъхъамæ хаццæтæ æмбырд кæнынмæ. Фысым та сын-иу уыдысты сæ уымы æрвадæлтæ.
Абон дæр ма Захъхъайы фенæн ис Хетæгаты мæсыджы хæлддзæгтæ.
Хидыхъусы Хетæгаты мыггагæй фыццаг æрцардысты Кубæ æмæ йæ фырттæ Уыци æмæ Госджен. Уыдон сты мыггаджы бындурæвæрджытæ.
1920 азы Советон хицауад зæххы тыххæй Декрет куы рауагъта, уæд Хетæгатæ æндæр мыггæгтимæ Куырттаты комæй ралыгъдысты æмæ æрцардысты быдыры, Фыййаджы доны былтыл цы ног хъæутæ арæзт цыдис, уыдоны — Нартыхъæуы, Фыййаджыбылы.[1]