Перейти к содержанию

Хестантæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хестантæ[1] (уырыс. Хестановы) сты ирон мыггаг.

Хестаны фырттæ Уæлладжыры Донысæры цардысты. Иу цуанон дзы арсы фæдыл ссыди рындзыл. Карцайы зæххытæ федта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уæд дыууæ фыдыфырты ралыгъдысты Донысæрæй — Хъасай, Цорæ, Мысырби, Базырыхъо æмæ Карцайы æрцардысты. Уыдонæй рацыдысты Хестантæ. Абон дæр ма Донысæры сæ мæсыг æгас у.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.