Перейти к содержанию

Хейердал, Тур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тур Хейердал
норв. Thor Heyerdahl
Райгуырды датæ 1914-æм азы 6 октябры(1914-10-06)[1][2][…] кæнæ 1914[3]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2002-æм азы 18 апрелы(2002-04-18)[4][1][…]
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз бæлццон-иртасæг, антрополог, археолог, историк, сценарист, морской биолог, авантюрист, кинорежиссёр, наудзог, этнограф, зæххыалварс балцыты хайадисæг, фыссæг
Фыд Thor Heyerdahl[d][8]
Мад Alison Martine Lyng[d][8]
Æмкъай

1) Лив Кушерон-Торп (1936–1947)
2) Ивонн Дедекам-Симонсен (1949–1980)

3) Жаклин Бер (1991–2002)[5]
Сывæллæттæ

1) Тур, Бьёрн

2) Анетте, Мариан, Хелен Элизабет[5]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Тур Хейерда́л (норв. Thor Heyerdahl [tuːr hæiːərdɑːl], 1914-æм азы 6 октябры, Ларвик, Норвеги2002-æм азы 18 апрелы, Алассио, Итали) — норвегиаг бæлццон æмæ антрополог. Бирæ чингуыты автор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Тур Хейердал райгуырд чысыл сахар Ларвичы, Норвегийы хуссары, Тур æмæ Алисон Люнг Хейердалы бинонты. Йæ фыдæн уыди бæгæнывыцæн, йæ ма та антропологион музейы куыста æмæ гыццыл Тур раджы базонгæ ис Дарвины эволюцийы теориимæ. Уый дæр, йæ мадмæ гæсгæ, уæдæ куыд, зоологийæ цымыдис кæнын райдыдта. Кæцы хæдзары цардысты уыцы азты, уым ма чысыл музей дæр скодта.

Сывæллонæй донæй тынг тарсти Тур, уымæн æмæ фæцæйныгъуылыд дыууæ хатты. Фæстæдæр, йæ хъуыды куыд дзырдта, иу-æвддæсаздзыдæй, дам, мын исчи куы загътаид æмæ фурдыл ленкдзу кæндзынæн цыдæр хæлæдздзаг бæлæгъыл, уæд æй сæрхъæныл банымадтаин, зæгъгæ. Уыцы тасæй фервæзын æрмæст 22 аздзыдæй сси йæ бон, цæугæдоны ныххаугæйæ, йæхимæ тых ссардта сурзæххмæ хигъæдæй баленк кæнын.

1933-æм азы 19-аздзыд Тур Хейердал хыгъдæвæрд æрцыд Ослойы университетмæ æрдзон-географион факультетмæ. Уым бæстонгаст кодта зоологи æмæ географи. Гъеуæд ма Бергены уæвгæйæ, Тур базонгæ ис Бьёрн Крепелинимæ, норвегиаг бæлццонимæ, Фыццаг дунеон хæсты рæстæджы Полинезийы цæргæйæ, Таитийы. Бьёрн Крепелин, сакъадахы фæдæгты аргъуцы аккаг сси æмæ алыхуызон дзауматы æмæ ма чингуыты стыр æмбырд скодта. Турæн радтæуыд бар Крепелины чиныгдонмæ æмæ дзы йæхигъæдæй ахуыр кодта Полинезийы истори æмæ æгъдæуттæ (фæстæдæр уыцы коллекци Крепелины бындартæй уыд райст Ослойы университеты чиныгдонæй æмæ алæвæрд æрцыд Кон-Тикийы музейы зонадон-иртасæн хайадмæ). Уыцы фембæлд стыр тæфаг скодта æвзонг студентыл æмæ йын йæ фидæны иртасæг æмæ бæлццоны цардгуысты бындурæвæрæгау уыди.

Ахуыр æмæ консультациты авд семестры фæстæ Берлины эксперттæм, зоологийы профессортæ Кристинæ Бонневи æмæ Яльмар Брок рагуыстой æмæ бацæттæ кодтой проект, кæцы рагхыгъд кодта Полинезийы иппæрд иуæй-иу сакъадæхтæм абалц кæнын æмæ йæ раиртасын, абоны цæрæгойтæ дзы куыдæй æмæ кæцæй бахаудысты.

1936-æм азы декабры, Тур ракуырдта Лив Кушерон-Торпы, кæимæ базонгæ ис университетмæ бацыдæй гыццыл раздæр (Лив дзы экономикæ ахуыр кодта).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]