Халоны гæнгæлы

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Халоны гæнгæлы у зайæгой.

Уый дæр у гæнгæлыйы хуызæн, фæлæ йæ зæнг у лыстæгдæр æмæ ныллæгдæр. У лæгъз, ис ын стæм сыфтæ. Йæ сæрыл ис аууондаргъуыз дидинджытæ, иутæ дзы — сырх, иннæтæ та — урсгонд. Уымæ гæсгæ ма сæ хонынц халоны урс гæнгæлы кæнæ халоны сырх гæнгæлы. Не сты хæрынæн бæзгæ.

Адæмон медицинæйы сын сæ сыфтæ ’вæрдтой хъæдгомыл. Сæ уидæгтæ сын къахынц æмæ дзы хос кæнынц суртæгæнджытæн.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.