Хабæты Риммæ
Внешний вид
Хабæты-Гæджынаты Риммæ у ирон поэт[1], зарджыты ныхæсты автор[2], Стыр Ныхасы Сылгоймæгты комитеты сæргълæууæджы хæдивæг, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг[1].
Кусы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнæг-методистæй[3], йæхæдæг уый тыххæй афтæ дзуры:
...уыцы галуаны ирондзинад гыццыл къуылымпы кодта. Концерттæм-иу куы бацыдтæн, галуаны концерттæм, æмæ дзы ирон ныхас куы нæ райхъуысти, уæд-иу мын афтæ зын уыди, æмæ сфæнд кодтон: цæй-ма, цы тыхтæ ма мын ис, цы зонындзинæдтæ ма мын ис, гъе уыдонæй бацæуон æмæ уым æрлæууон æмæ уыцы галуанæй ирон ныхас райхъусын кæнон. Æмæ мæнмæ гæсгæ мæ къухы бафтыди.[1] |
Афæдзы дæргъы цардис Турчы, Стамбулы сахары, амыдта дзы ирон æвзаг алы кары ахуырдзаутæн[1].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 «Аланийы райсом»
- ↑ „...курдиатджын поэт Хабæты Риммæ ныффыста сывæллæттæн 24 зарæджы иронау...“
- ↑ «Рæстдзинад»(æнæбаххæсгæ æрвитæн)