Перейти к содержанию

Хæдарцаты Аслæнбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хæдарцаты Шамилы фырт Аслæнбег (райгуырдис 1953-æм азы 17 мартъийы Дзуарыхъæуы Алагиры районы[1]) у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы парламенты депутат (2003-æм азæй нырмæ), бюджеты, хъалонты, мулк æмæ кредитон организациты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг, аграрон фарстаты, экологи æмæ æрдзон ресурсты фæдыл комитеты уæнг.

Ис æм уæлдæр ахуырад — уый каст фæцис Хъæууон хæдзарады паддзахадон институт (дæсныйад «инженер-электрик»). Куыста хойраджы индустрийы куыстуæтты.

Хæдарцаты Аслæнбег у политикон парти «Рæстаг Уæрæсе»-йы уæнг[2].

Ис ын бинонтæ, у æртæ сывæллоны фыд.

Ирон æвзаг

[ивын | Бындур ивын]

2010-æм азы 25 мартъийы «Муниципалон арæзт Мæздæджы районы æмæ ацы районмæ хауæг цæрæн бынæтты æхсæн муниципалон исбон фæхицæн кæныны тыххæй» закъоны проект æвдисгæйæ, бюджетон комитеты сæрдары хæдивæг Хæдарцаты Аслæнбег, йæ конституцион барæй спайда кæнгæйæ, ныхас кодта иронау. Уыцы цау парламенты депутаттæм ахсджиаг фæкастис, æмæ уый тыххæй фыст æрцыдис парламенты сайты дæр[3].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Парламент Республики Северная Осетия - Алания // Хадарцев Асланбек Шамилович(недоступная ссылка). Датæ: 2022-æм азы 25 мартъийы. Архив 2019-æм азы 8 сентябры.
  2. http://www.vladikavkaz.spravedlivo.ru/about/leaders/group_6/(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  3. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 31 мартъийы. Архив 2016-æм азы 6 мартъийы.