Фондзсæдæйы уынаффæдон (Франц)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Фондзсæдæйы уынаффæдон (фр. Conseil des Cinq-Cents), зæгъгæ, афтæ хуындæуыд Францы закъæттæуадзæг æмбырды палатæтæй иу 17951799-æм азты.

Республикæйы III азмæ (1795) Францы конституцимæ гæсгæ Уынаффæдон уыди бинаг палатæ; йæ сконды уыди, департаментты æвзарæн æмбырдтæ æртæ азмæ кæй равзарынц æмæ 30 азы кæуыл сæххæст, уыцы 500 уæнджы.

Фондзсæдæйы уынаффæдоны рабæдтытæ арæзт цыдысты Тюильрийы. Хистæрты уынаффæдон куыста хицæнæй — раздæр Манежейы, уый фæстæ Бурбоны галуаны. Фондзсæдæйы уынаффæдон æвзæрста президенты æмæ нымæрдары, æппын фылдæр мæйы æмгъуыдмæ. Уынаффæдон фæкуыста суанг 18–19 брюмеры (1799-æм азы) фæфæлдæхты онг.