Флик, Донателлæ
Донателлæ Флик | |
---|---|
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | æхсæнадон гоймаг |
Принцессæ Донателлæ Флик (чындзаг уæвгæйæ — Принцессæ Донателлæ Мисикофф) у немыцаг филантроп, немыцаг хъæздыг индустриалисты Фликы мыггаджы минæвары Герт Рудольф Фликы раздæры ус.
Йæ равзæрдмæ гæсгæ у Мысыккаты Мæхæмæты фырт ирыстойнаг Жорж Мисикофф æмæ йæ мад, Италийы бæстаджы чызг, æмæ принц Олег Мисикоффы хо. У Ромы Университеты философийы факультеты рауагъдон æмæ Италийы олимпаг æмбырдоны раздæры уæнг (гимнастикæ).
Смой кодта Герт Рудольф Фликмæ (бæрæг у куыд «Мак Флик» дæр), кæцы у немыцаг стыр сæудæджергæнæг æмæ хæстон фыдгæнæг Фридерик Фликы фырты фырт, фæлæ 1997-æм азы сæ къайад хъæлæбагæнгæ фехæлдтой.
1990-æм азы бындур æрæвæрдта Донателлæ Фликы дирижёрты конкурс æрыгон оркестрон дирижёртæн сæ æхсæнадæмон карьерæйы суæвынæн.[2] Æнæуый зынгæ у йæ æндæр филантропон архайды руаджы, цæвиттон, медикон хорзгæнæг уагдæттæн æххуыс.
2006-æм азы Италийы Республикæйæ хорзæхджын æрцыд «Commendatore» номæй æмæ 2007-æм азы сси преми Montblanc de la Culture Arts Patronage Award-ы лауреат, кæцы райста куыд «аивæдты сгуыхт аудæг, кæцыйы сæрмагонд цæстдарддзинад æмæ йе’ нтыстытæ стыр разыдзинады аккаг сты».[3]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Financial Times (англ.) — Nikkei Inc., 1888. — ed. size: 111898 — ISSN 0307-1766; 1476-8844
- ↑ Donatella Flick Conducting Competition
- ↑ Montblanc: Montblanc de la Culture Arts Patronage - 2007(недоступная ссылка). Датæ: 2014-æм азы 8 сентябры. Архив 2011-æм азы 27 сентябры.