Перейти к содержанию

Фацели

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фацели
Phacelia tanacetifolia
Phacelia tanacetifolia
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Кладæ:
Къорд:
Бинонад:
Мыггаг:
Фацели
Æхсæнадæмон зонадон ном
Phacelia Juss. (1789)
Типон хуыз

Фаце́ли[2] (лат. Phacelia) у зайæгойты мыггаг.

Мыдхæссæг зайæгой

[ивын | Бындур ивын]

Мыдхæссæг зайæгойтæй стыр нысаниуæг ис фацелийæн (Phacelia tanacetifolia). Уымæн йæ иу гектар дæтты мыд 1000 килограммы онг. Фацели Phacelia tanacetifolia у иуазон зайæгой, кæцы зайы мæгуырбын зæххы дæр. Фылдæр нектар радтыны тыххæй фацели тыд кæм уа, уыцы зæххы хъæуы схъацæн кæнын фосфор-калион хъацæнтæй. Уый тыххæй алы гектармæ дæр бахæссын хъæуы фæйнæ дыууæ центнеры бæрц уыцы хъацæнтæй. Фацели дидинæг рафтауы йæ байтыдæй 40—60 боны фæстæ. Иу гектарæн тауинаг хъæуы 8—12 килограммы. Йæ тауинаг у тынг лыстæг. Куы йæ тауынц, уæд æм бафтауынц дыууæ хайы змис, кæнæ хырхæйфадæнтæ, цæмæй æмхуызондæр тыд æрцæуа[3].

Тауынц æй куыд уалдзæг, афтæ фæззæг дæр. Фæззыгон тыд куы æрцæуы, уæд дидинæг рафтауы майы мæйы æмбисмæ. Фацели уазалæй нæ тæрсы. Уый сывзæры 10—13 бонмæ, дидинæг фефтауы 35 боны бæрц. Фацели дидинæг рафтауыны фæстæ хорз у силосæн дæр[3].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. NCU-3e. Names in current use for extant plant genera. Electronic version 1.0. Entry for Phacelia Juss. Архивон къопи 21 сентябры 2012, Wayback Machine(англ.) (Датæ: 2012 10 февралы)
  2. Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».
  3. 3,0 3,1 Тедеты Хъауырбег. Æххуыс мыдгæсæн. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал 1979