Фаулз, Джон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джон Роберт Фаулз
англ. John Robert Fowles
Райгуырды датæ 1926-æм азы 31 мартъийы(1926-03-31)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2005-æм азы 5 ноябры(2005-11-05)[4][1][2][…] (79 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, романист, ахуыргæнæг, сценарист, эссеист
Сфæлдыстады азтæ 1963
Жанр постмодернизм
Уацмысты æвзаг англисаг[1][7]
Хорзæхтæ
fowlesbooks.com
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Джон Роберт Фаулз (англ. John Robert Fowles; 1926-æм азы 31 мартъийы, Ли-он-Си, Эссексы графад — 2005-æм азы 5 ноябры, Лайм-Реджис, Дорсеты графад) уыди англисаг фыссæг, романист æмæ эссеист. У постмодерны литературæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис æнтыстджын сигарæтæуæйгæнæджы бинонты ’хсæн.

Каст фæци престижджын скъола Бедфорды. Ахуыры рæстæг йæхи равдыста арæхстджын спортсмен æмæ курдиатджын ахуырдзауæй. Скъола фæуыны фæстæ бацыди Эдинбурджы университетмæ, фæлæ 1945-æм азы, Дыккаг дунеон хæсты фæудмæ ма чысыл хъуыдиc, афтæмæй ныууагъта ацы ахуырдон æфсæддон службæйы сæраппонд. Дыууæ азы денджызон фистæгæфсады фæслужбæйы фæстæ Фаулз ныууагъта йæ æфсæддон карьерæ æмæ бацыди Оксфорды университетмæ. Йæ специализаци уыди францаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.

19501963 азты Фаулз касти лекцитæ Францы, Пуатьейы сахары университеты, уый фæстæ та Гречъы сакъадах Спецесы гимназы, стæй Сыгъдæг Годричы Лондоны Колледжы. Спецесы сакъадах сси фыссæджы роман «Кæлæнгæнæг»-ы архайд кæм цæуы, уыцы раны прототип.

1963-æм азы йæ фыццаг чиныджы æнтыст йын ахъаз фæци, цæмæй Фаулз ныууадза йæ лекторы куыст æмæ æххæстæй йæхи снывонд кæна литературон архайдæн. 1968-æм азы Фаулз æрцарди Англисы хуссары чысыл сахар Лайм-Реджисы. Ам, денджызгæрон хи хæдзары фыссæг арвыста йæ царды фылдæр хай æмæ афтæмæй басгуыхти æхгæд-зæрдæ адæймаджы ном.

1979-æм азы фыссæг слæууыди сахары музейы сæргъы æмæ куыста уыцы бынаты дæс азы дæргъы. 1988-æм азы йын уыди инсульт æмæ йæ æнæниздзинад тынг фæцудыдта. Джон Фаулз ус æрхаста дыууæ хатты. Йæ фыццаг бинойнаг фæзиан ис 1990-æм азы.

Фаулзы сæйраг уацмыстæ систы зындгонд æгас дунейы, уыдонмæ гæсгæ систæуыд, чингуытæ чи фæпопулярондæр кодта æмæ сæ коммерцион æнтыстæн ахъаз чи фæци, ахæм кинонывтæ.

Библиографи[ивын | Бындур ивын]

  • (1963) The Collector
  • (1964) The Aristos (ISBN 0-586-05377-8)
  • (1965) The Magus (revised 1977)
  • (1969) The French Lieutenant's Woman
  • (1973) Poems by John Fowles
  • (1974) The Ebony Tower
  • (1974) Shipwreck by John Fowles
  • (1977) Daniel Martin
  • (1978) Islands
  • (1979) The Tree
  • (1980) The Enigma of Stonehenge
  • (1982) A short history of Lyme Regis
  • (1982) Mantissa (Hardback: ISBN 0-224-02938-X; Paperback: ISBN 0-316-29027-0)
  • (1985) A Maggot
  • (1985) Land (with Fay Godwin)
  • (1990) Lyme Regis Camera
  • (1998) Wormholes — Essays and Occasional Writings
  • (2003) The Journals — Volume 1
  • (2006) The Journals — Volume 2

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]