Фатеры цæрæг (фильм, 1976)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Фатеры цæрæг» (фр. Le Locataire, англ. The Tenant) у, режиссёр Роман Поланский кæй систа, уыцы киноныв. Ист æрцыдис фыссæг Роланд Топоры романмæ гæсгæ.

Сюжет[ивын | Бындур ивын]

Бонзонгæ адæймаг, къанторы кусæг Трелковский сфæнд кодта йæ цæрæн бынат аивын æмæ æрбынат кæнын ног хæдзары. Уый охыл баххуырста фатер, фыд-зæрдæ цæрджытæ кæм ис, ахæм фатерджын хæдзары. Фыццаг хатт хæдзармæ куы æрбацыди, уæд æм дуаргæс сылгоймаг фæхабар кодта, уыцы фатеры айразмæйы цæрæг йæхи рудзынгæй кæй æрæппæрста.

Трелковский æрцардис хæдзары æмæ куыд дарддæр, афтæ фылдæр зонгæ кодта йæхи амарæг сылгоймаджы царды хабæрттимæ. Æппынфæстагмæ Трелковский йæхи афтæ дарын райдыдта, цæмæй уыцы æнамонд æрыгон сылгоймаджы хуызæн уа, куыд йæ бакастмæ гæсгæ, афтæ йæ кæнонтæм гæсгæ. Балхæдта парик, къаба, былтæахорæн помадæ, æмæ изæры йæ хæдзары иунæгæй уæвгæйæ-иу скодта уыцы дарæс. Боны фæстагмæ нæлгоймаг бамбæрста йæ сыхбæстæ фыд-зæрдæ адæм кæй сты, æмæ райдыдта сæ азымы дарын сылгоймаджы мæлæтæй.

Кинонывы кæроны Трелковский йæхи раппары рудзынгæй.

Ролтæ хъазыдысты[ивын | Бындур ивын]

Хорзæхтæ[ивын | Бындур ивын]