Фарнаджом

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фарнаджом
ფარნაჯომი
Иберийы 4-æм паддзах
109 нæ э. а. — 90 нæ э. а.
Раздæр чи уыд Мириан I
Фæстæдæр Аршак I

Райгуырдис II æнус нæ эрæйы агъоммæ
Амардис 90 нæ э. а.
Мыггаг Фарнавазидтæ
Фыд Мириан I
Сывæллæттæ Мириан II

Фарнаджом (гуырдз. ფარნაჯომი) уыдис Иберийы цыппарæм паддзах, Мириан I-æн йæ фырт. Къухдариуæг кодта 109-90 азты нæ дуджы агъоммæ. Хаудта Фарнавазидты династимæ. Æндæр Фарнавазидтау, уыцы паддзахы тыххæй информацийы иунæг ратадзæн у Леонти Мровелийы «Картлийы паддзæхты цард», Картлис цховребайы хай чи у, уыцы XI-æм æнусы фыст азгæйфыст.

Фарнаджом паддзах сси йæ фыд Мирианы амæлæты фæстæ, 109-æм азы нæ дуджы агъоммæ. Азгæйфыст куыд амоны, афтæмæй гуырдзиаг муртаккон (разчырыстон) пантеонмæ бафтыдта ног хуыцау-ус, Заденийы, кæцы уыд зæйанады бардуаг, æмæ уыцы хуыцау-усæн цыдæр кувæндæттæ самадта. Историктæ куыд æнхъæлынц, уыцы кувæндон уыдис Зедазенийы хохы цъуппы, абон Зедазенийы моладзандон кæм лæууы, уым. Æцæгæлон динтæй ног хуыцауты кæй æфтыдта, уый тыххæй Ибериаг уаздæттæ йæ ныхмæ æрлаууыдысты æмæ райдыдтой растад. Растады дæргъы Фарнаджом тохы амард. æмæ паддзахы бынат йæхимæ райста йæ сиахс Аршак, Сомихыстоны паддзахы фырт.

Фарнаджомæн уыд фырт, Мириан, парфиаг паддзахы кæрты чи хъомыл кодта, уый. Йæ фыды амæлæты 60 азы фæстæ Мирианæн бантыст паддзахы бынат фæстæмæ райсын.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Thomson, Robert W. (1996), Rewriting Caucasian History: The Medieval Armenian Adaptation of the Georgian Chronicles, p. 42. Oxford University Press, ISBN 0-19-826373-2.
  • Rapp, Stephen H. (2003), Studies In Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts, pp. 282–284. Peeters Bvba ISBN 90-429-1318-5.
  • Toumanoff, Cyril. Chronology of the Early Kings of Iberia. Traditio 25 (1969), pp. 10–11.