Урс эмиграци
Урс эмиграци (кæнæ Уырысы урс эмиграци, кæнæ Фыццаг уылæны эмиграци), зæгъгæ, афтæ хуындæуы, (1917—1922)-æм азты Уæрæсейы мидхæсты тыххæй цы бирæ адæм фæсарæнтæм афтыд, уыдоны. Эмигранттæн сæ фылдæр алыгъдысты Уæрæсейæ 1919 азы фæстæ. Уæрæсейы хуссары (Кавказы дæр) урс хæстонтæ лыгъдысты фæсденджызмæ — Стамбулмæ, уырдыгæй та æндæр бæстæтæм. Мингай уырыссаг мигранттæ æрцардысты Берлин æмæ Парижы.
Алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ эмигрантты иумæйаг нымæц уыд 700 мин адæймæгтæй (Нациты Лигæйы официалон бæрæггæнæн) 5 милуан адæймаджы онг.
Ирæттæ Урс эмиграцийы
[ивын | Бындур ивын]Урс эмиграцийы Уæрæсейæ ацыдысты бирæ ирæттæ дæр. Уыдоны ’хсæн Байаты Гаппо, уый ацыд Берлинмæ æмæ уым уагъта чингуытæ ирон æвзагыл, тæлмац кодта Библи; æмæ Гæздæнты Гайто, уый эмиграцийы ссис зындгонд уырыссаг фыссæг.