Уанитæ
| Уанитæ | |
|---|---|
| Æндæр вариант | Уаниатæ |
| Рагон мыггаг | Кусæгонтæ |
| Æрвадæлтæ | |
Уанитæ[2] кæнæ Уаниатæ[2] (уырыс. Ваниевы, гуырдз. ვანიშვილი[2]) сты ирон æмæ дыгурон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Ацы мыггаг раджы рæстæджы цард Уæлладжыры комы, Дагомы. Раджы кæддæр, дам, Уанитæй иу æфсымæр амардта йæ хъæуккаг лæджы, фæтуджджын, æмæ уый тыххæй æрбалыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Лезгоры. Ам ус ракуырдта, йæ мыггаг ныууагъта Уанитæй. Лезгоры Уаниты мыггаджы хистæртæ зонынц, Бадзи æмæ Хазби сæ фыдæлтæм кæй хауынц. Уыдоны цæуæт æмæ цæуæты цæуæтæй иутæ Лескенмæ, иннæтæ та Хæзнидонмæ алыгъдысты.[2]
Уаниатæ
[ивын | Бындур ивын]Уаниаты рагфыдæлтæ куыд дзырдой, афтæмæй иу мадызæнæг, цыппар æфсымæры — Уани, Бигъа, Джыгка æмæ Каса — æрбынат кодтой Куырттаты комы Дæллагхъæуы (Цъыфтыхъæуы). Афтæмæй райдыдтой зæххы куыст кæнын æмæ фос дарын. Хæхты цæрын зын уыдис, нæ фаг кодта зæхх. Цыппар æфсымæры бауынаффæ кодтой æмæ сабырæй сæ исбон байуæрстой, алчидæр йæхицæн равзæрста ног цæрæнбынат. Афтæмæй æфсымæрты сæ хъысмæт ахаста алы кæмттæм. Æфсымæртæй равзæрдис цыппар мыггаджы: Уаниатæ (Уанитæ, Уанетæ), Бигъатæ, Джыккайтæ æмæ Касатæ. Уæдæй фæстæмæ цыппар мыггаджы кæнынц æрвадиуæг.
Ис ма æндæр таурæгъ дæр. Цыппар æфсымæры Уани, Бигъа, Джыгка æмæ Каса райдианы цардысты Дагомы, стæй сæ иу Хъæриуы хохыл ныххызт Куырттаты коммæ æмæ æрбынат кодта Дæллагхъæуы, иннæ æфцæгыл ахызти Хуссар Ирмæ, аннæ — Дыгургоммæ, Уæлладжыры комы дæр дзы иу баззад.
Уанийæ чи равзæрд, уыдоны Куырттаты комы хонынц Уаниатæ. Уæлладжыры комы æмæ Дыгургомы — Уанитæ, Хуссар Ирыстоны — Уанетæ. Кæд Уанийæ равзæргæ мыггæгты чысыл хицæндзинæдтæ ис, уæддæр сæ уидаг у иу. Уымæн ис ахæм цымыдиссаг бæрæггæнæн: Уанийы байзæддæгтæ Дагомы цардысты Цъыфтыхъæуы, Куырттаты комы — Цъыфтыхъæуы, Хуссар Ирыстоны, къордæй кæм цæрынц, уыцы хъæу дæр хуины Цъыфтыхъæу.
Куырттаты комы Дæллагхъæуы æрцæрæг Уаниатæ куыд нымайынц, афтæмæй сæ хистæр уыд Хъасболат. Уымæн, дам, уыдис фондз фырты: Уани, Куыдзи, Хæдарц, Бзи æмæ Хуыдзи. Уыдонæй та фæстагмæ равзæрдис мыггæгтæ: Уаниатæ, Куыдзиатæ, Хæдарцатæ, Бзитæ æмæ Хуыдзиатæ.
Уанийæн уыдис иунæг фырт Таджи. Таджийæн уыдис дыууæ фырты: Уыци æмæ Дударыхъо. Уыци æмæ Дударыхъойæ рацыдысты дыууæ мыггаджы.
Хуссар Ирыстоны Уанитæ (Уанетæ) æрвадиуæг скодтой Гаглойтæ, Гæбæратæ æмæ Санахъотимæ.
Куырттаты комы Дæллагхъæуы Уаниатæ самадтой мыггаджы мæсыг æмæ æнгом къонатæй йæ алыфарс цæрынтæ райдыдтой, абон дæр цæрынц йæ алфамблай.[1]