Уазитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Уазитæ (уырыс. Вазиевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ацы мыггаджы фыдæл уыд Уæлладжыры коймаг, Ос-Бæгъатыры къабазæй. Райгуырд Дæйыхъæуы. Уаниты мыггагæй иу, Уæлладжыры комæй раджы кæддæр балыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Нары. Уым бинонты хицау ссис. Хорз цардысты, фæлæ иу сывæллонæй дарддæр иннæтæ халерæйæ амардысты. Иубон Тъæпæн Дыгуры хицау Абысалты Хадзы йæ фæсдзауинтимæ Мæхческæй рацыд хъæуты бæрæг кæнынмæ. Бабæрæг кодта Фæрæскъæты, Хæнæзы, Задæлескы, æрбахæццæ Нармæ. Ам Уазиты хæдзары фос æнæ дон æмæ æнæ хæринагæй уасыдысты. Цыдæр бæллæх æрцыд, зæгъгæ, хæдзармæ бацыдысты æмæ бинонты мæрдтæй баййæфтой, æрмæст ма иу сывæллон йæ мард мады дзидзи дадта. Хабар фехъусын кодтой Хадзыйæн. Хадзы сын загъта, цæмæй йын сывæллоны йæ хæдзармæ схæссой. Куыд рабæрæг, афтæмæй, Нарыхъæуы Уазиты мыггагæй цард иунæг бинонтæ, хæстæг сын ничи разынд Дыгуры дæр. Хадзы сын сæ мулк æмæ сæ фос йæхи бакодта. Уазиты сывæллон разынд чызг, ном ыл сæвæрдтой Гумерхан. Уый Абысалтæм схъомыл, уыд уындджын. Йæ ракурын бирæты фæндыд, фæлæ Абысалтæ домдтой стыр ирæд. Уæддæр Гецаты Саусæр бафыста уыцы ирæд, ракуырдта чызджы. Гумерхан Гецаты мыггагæн уыд сæ фыццагдæр мадæлтæй иу.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.