Уæлкъæйдзыкка

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Уæлкъæй дзыкка-æй æрвыст)

Уæлкъæйдзыкка кæнæ уæлкъæй дзыкка у ирон хæринаг нартхоры ссадæй, инджын цыхтæй, хъаймагъæй, æмæ цæххæй.

Нымад цыди урсаджы æмæ хойраджы хæринæгты фидыцыл æнцонгæнæн, æнцон фыцæнæй. Нартхоры, кæнæ хъæбæрхоры ссад доны сызмæнт, хорз æй схæццæ кæн цыхтимæ æмæ уыцы змæст бæрæг донгондæй дзулы хуызæн тымбылæй, бæзджынæй æрæвæр тæвд тебæйы, кæнæ артдзæсты фыцæн къæйыл.

Фаг цыхт ыл ис, уæд фыцы æнæ уæлдай сыгъдæй сабыр артыл. Куыд фыца, афтæ æддаг цъар бæрæг бурдæрæй фæхицæн вæййы мидæггагæй, æмæ се ’хсæн фæзынынц сойдзæстытæ, цыма дзаджджынимæ конд у, уый хуызæн.

Хордтой йæ хъармæй, дыккаг тæвдæн нымад цыди тæригъæдыл, нæфæтчиагыл. Хæрзадæй уæззау хæринаг уыди. Хордтой йæ къаты бонты кусгæйæ, бадгæйæ. Хастой йæ уыгæрдæнмæ. Фылдæр кодтой иугай уæлкъæйдзыккатæ уазæгæн, бинонтæн.

Сыгъдæг цыхт æмæ ссадæй конд кæй уыди дзыккайы хуызæн, фæлæ йæ уæлкъæй кæй фыхтой дзулы, уæливыхы хуызæн, уымæн хуынди афтæ — уæлкъæйдзыкка. Стыр хъыгагæн байрох.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1996 — 522 ф.