Битъынаджынтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Битъынаджынтæ[1] сты ирон хæринаг. Битъына сæрд тыдтой, бастой дзы дæстæгтæ æмæ йæ хус кодтой дымгæдзоны аууæтты зымæгмæ. Зымæг уыцы хустæй арæзтой битъынаджынтæ. Баууæрд ын йæ сыфтæ, се ’ртыккагхайы бæрц сыл ныккæн задыссад, сызмæнт сæ кæнæ сыгъдæг хъæрмуст доны, науæд ног сылыйы, стæй хыссæйæ — цъайраг.

Кодтой сæ уæлдай дзаджджынæй, стæй гуылтæй, ликъанитæй. Æппæтæй рæсугъддæр фидыдтой мæйнæуæджы хуызæн тыппыр битъынаджынтæ.

Хордтой сæ къатыбонты куыд æнæ урсаг, сойаг дзаджджынтæ, афтæ мархойы заман, комдарыны рæстæг. Фæлæ фидыдтой царвимæ, фосы фиутæй тадгонд соимæ. Куыдфæнды ма уыдаид, уæддæр ацы дзаджджынтæ æмхуызон хæрздæф, хæрзадæй уыдысты уарзон хæринаг ирон адæмæн стырæй чысылмæ. Хъæбæрхоры æмæ мæнæуы задæн йæ фых мыды хуызæн адджын уыди, æмæ уыйимæ битъынайы хицæн тæф диссаджы хорз фидыдта. Битъынаджынтæн абоны ирон фынгыл сæ кой дæр нал вæййы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1996 — 522 ф.