Перейти к содержанию

Уæгъдибар дебют

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Уæгъдибар дебют» (уырыс. Вольный дебют) — социалон æмæ коммерцион проект. У театр-студи, кæцыйы хъазынц раздæры ахæстытæ.

Театр организацигонд æрцыд 2010-æм азы проект «Ахæстытæн æххуыс» æмæ фонд «Уираг хæрзгæнæг комитет»-ы разамонæг Аркади Барановскийæ[1][2] «Раздæхт»-ы базæйы, раздæры ахæстыты социалон-психологикон реабилитацийы митæ кæцы кæны[3][4]. Исдуг театр коммерцион архайд рагхыгъд нæ кодта, фæлæ фæстæдæр социалон амалхъомады фадыджы архайын сфæндгонд æрцыд, барвæндон фиддоны системæ «Pay What You Want»-ыл — æхцæ бавæрд кэшбокстыты мидæг уадзын гæнæн уыд[5]. Афтæмæй, æнтысаг уыд æхца бамбырд кæнын æмкусджытæн куыстмызды бафидынмæ[6].

Театры реперуары ис æртæ спектатклы: «Фыстæгæй фыстæгмæ»[7], «Реалондзинады цурты» (Евгений Клюевы пьесæйыл)[8] æмæ «Маскæты этюдтæ» (Аркадий Аверченкойы фæлдисæндты мотивты гæсгæ æмæ Даниил Хармсы Тэффи). «Уæгъдибар дебют» авæрдта спектакльтæ Мæскуыйы алыхуызон сценатыл (Розовскийы театры дæр нымайгæйæ, «Никитский кулдуæртты цур» театры дæр)[9].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]